Æмбæлтты хæлардзинад Коцойты Арсены радзырды «Æмбæлттæ

Страницы: <<  <  2 | 3 | 4 | 5 | 6  >  >>

хъазгæйæ. У æнæгъдау, мæстыгæр, йæ ныхасы хъæд - æнæуаг:
" Æхсæвы дыууæ сахаты онг Топтыго къамæй хъазыди . . . "Куыдзы фырт, областы дохтыр". Кæнæ ". . . Чысыл ма бахъæуа, æхсагард дохтыры сæры фарсыл ма æрхæсса. . . . "
Фарст: Цæмæй хъал у Топтыго? Цы зæгъынмæ хъавы уымæй фыссæг?
Арсен сатирæйы хуызы равдыста, пъырыстыф æнæфенд, æдылы кæй у, уый. Йæхи хъал кæны йæ бæхæй, уымæн æмæ йæм адæм цæмæй бахæлæг кæной, ахæмæй æндæр ницы ис :
" Уыцы бæхы тыххæй Топтыгойы æгас областы дæр зонынц.
Куы йыл рацæйцæуы, йæ сæр бæрзонд сисгæйæ, йæ къух йæ сины асадзгæйæ. . . Суанг облæсты хицау дæр хæлæг кæны Топтыгомæ йæ бæхы тыххæй.
Уый дæр йæхи хуызæн - æнæфенд.

"Нæ, фæлтау пъырыстыф йæхи Терчы дæр басхойдзæн, уæртæ хæстæгдæр кæрдо бæласыл дæр ацауындздзæн йæхи!. . "
Фарст: Къæнцылары хицау йæхи хуыснæгимæ кæй сбаста, уымæй цы зæгъынмæ хъавы фыссæг?
Топтыго хъуамæ абырджыты ныхмæ куса, фæлæ уый æлгъ ницæуыл кæны, уымæн æмæ у зыд, æнæфсис. Дæс æмæ ссæдз туманы фембылды ис æмæ ныр йе стырдæр бæллиц искæй хардзæй сæ фæстæмæ самал кæнын. У цыбырзонд: æхцайы азарæй йæ пъырыстыфы сæрыстырдзинад дæр æрбайсæфы:
". . . нал фæлæууыди æмæ йæхæдæг ауади Батырбеджы размæ. Фæлæбурдта йын æй дыууæ къухмæ æмæ йæ цингæнгæйæ бакодта кабинетмæ"
" Алы давæггаг бæхы гæххæттæн йæхæдæг авд сомы саргъ кодта, стæй йæ туманмæ систа, уый фæстæ фынддæс соммæ. Ныр дæр та мæнæ цыдæр сфæнд кодта".
Фарст: Цæй фæрцы бафтыд фыссæджы къухы ноджы тынгдæр раргом кæнын пъырыстыфы ницæййаг миддуне.
Арсен Батырбеджы æргом дзырдæй бынтондæр раргом кодта Топтыгойы миддуне, давæг, абырæг, стигъæг (текстимæ куыст)
Фарст: Цавæр æфхæрæн ныхæстæ ма ноджы загъта Батырбег пъырыстыфæн? Цæмæн бауæндыд?

Страницы: <<  <  2 | 3 | 4 | 5 | 6  >  >>
Рейтинг
Оцени!
Поделись конспектом: