(Бакæсут ма текстæй).
"Æз дæн хуыснæг,æвзæргæнæг. Фæлæ уæд ды та дæ дыууæ хуыснæджы, дыууæ æвзæргæнæджы. . . Æвзæргæнджытæм дæр ис сæхимидæг æууæнк. Дзырдыл хæцын хъæуы . Фæхыл дæ де мбалимæ, уæддæр дзырдыл хæц, æмбалыл комдзог ма цу!. . "
Батырбег - фыдгæнæг, хъуамæ пъырыстыфæн - закъоны лæгæн - йе мгæрæтты дæр ма цæуа. Фæлæ пъырыстыфæн йæ фыдракæндтæ, йæ æнаккаг митæ хорз зыдта. Батырбег æмæ йæм уымæн баууæндыд ахæм æфхæрæн н ыхæстæ. Пъырыстыфы бон æй нæу æрцахсын - "йæхицæн фæхъæрæй тарсти"
Хатдзæг.
Фыссæг Батырбеджы дзыхæй снывæзта пъырыстыфы, хæдхæцæг паддзахы администрацийы æнаккаг моралон сурæт. Паддзахы хицæуттæ сты "мæнгард æмæ уæййаг". Уыдон ныууæй кодтой сæхи абырджытæн дæр. Нæй сæм, æвзæргæнджытæм, хуыснæджытæм сæхимидæг цы æууæнк ис, уый дæр.
Фарст: Батырбеджы ныхæстæ раст кæй уыдысты пъырыстыфы тыххæй, уый фыссæг цавæр нывæй бафидар кодта?
"Пъырыстыф куыд уыдис, афтæмæй æруагъта йæхи цъыф зæххыл, уым ныддæлгом ис æмæ куыдта, æрдиаг кодта".
Арсен ацы нывæй арæхстджынæй равдыста, хуы æмæ пъырыстыфæй кæй ницы хъауджыдæр ис, уый.
Фарст: Цæмæй йыл уыцы фидиссаджы ном хуыздæр сбада, уый тыххæй цавæр сатирикон мадзалæй спайда кодта Арсен?
"Дæ бæх дын ласын: æгæр хорз у дæуæн. Дæ хуызæн хуы ууыл куы бауа, уæд уый стыр тæригъæд у. Дæ разы дон цы бæхыл фæласут, уый дын æгъгъæд у, уыимæ хуыздæр фидаудзыстут. Хæрзбон. "
Фарст: Батырбег пъырыстыфмæ ныууагъта бæхдоны фыстæг ацы ныхæстимæ. Цæмæн бакодта афтæ Батырбег? Цы зæгъынмæ хъавы уымæй Арсен?
Бæх у адæймаджы хуыздæр хæлар, æххуысгæнæг, дарæг. Аргъæутты ма у суанг зондамонæг дæр. Хорз бæхæн хъæуы хорз хицау , кусаг лæг бæхыл хъуамæ йæ хицау æнувыд уа, уарза йæ, зæрдиагæй йæм зила. Топтыгойы та бæх хъуыдис æрмæстд
Страницы: << < 3 | 4 | 5 | 6 | 7 > >>