Æмбæлтты хæлардзинад Коцойты Арсены радзырды «Æмбæлттæ

Страницы: <<  <  1 | 2 | 3 | 4  >  >>

бирæвæрсыг. Æвдисы дзы бынæттон хицæутты, алыхуызон чиновникты, дины кусджыты æмæ æндæр хицæн адæймæгты æнæуаг митæ. Æнæуынон ын сты гадзрахатдзинад, козбаудзинад, карьеризм, магусаты æмæ æнд. Йæ карикатурæты хурмæ хæссы, нæ фыдæлтæм æппæты æгаддæр чи уыд, уыцы хъуыддаг - давыны хъуыддаг: ("Диссаг, дæ давд, дам, ныууадз, худынц, дам, дыл, къух дæм ничиуал дæтты. Сæ къух мæ ницæмæн хъæуы, худæнт, цас сæ фæнды, уыйас. Æз иунæгæй дæр фæцæрдзынæн").
Ацы карикатурæйы Арсен кæй равдыста, уый тынг хæстæг æвæрд у Батырбеджы фæлгонцмæ радзырды "Æмбæлттæ". Чи сты, цавæр хæлæрттæ сты, Арсен йæ радзырды кæй равдыста, уыдон? Цы ис сæ хæлардзинады бындуры. Æцæг æви мæнг у сæ хæлардзинад?
Ахуыргæнæг. Ныр уал байхъусæм уæ хъуыдытæм хæлардзинады тыххæй. Зæгъут-ма, цавæр æмбисæндтæ зонут хæлардзинады тыххæй?
- "Æцæг хæлар уый у, дæ хъæндзинæдтæ дын дæхицæн чи дзуры, дæ хорздзинæдтæ та адæмæн".
- "Æнæууæнк лæг цард не ссардзæн"
- "Æвзæр хæлар знагæй фыддæр у: знагæй дæхи хъахъхъæндзынæ, æвзæр хæлар та дæ æууæнкæй фесафдзæн"
- "Араз æнæкæрон хорздзинад æмгарæн, æмæ дæ йæ хорзæх уа".
Цы у сатирикон радзырд?
Сатирæ у бердзенаг дзырд (злая,едкая насмешка). Сатирикон вæййынц алыхуызон аивадон уацмыстæ, кæцыты автор хурмæ хæссы хицæн адæймæгты кæнæ æхсæнады хъæнтæ, аиппытæ. Зæгъæм Гоголы сатирикон уацмыстæ "Мертвые души", "Ревизор", Салтыков - Щедрин "История одного города", Некрасовы æмдзæвгæ "Размышления у парадного подъезда", В. Маяковскийы сатирикон æмдзæвгæтæ.
IV. Дзырд "æмбал" - мæ ссарын синонимтæ - æмгар, лымæн, æрдхорд, хæлар. (Алы дзырды нысаниуæг дæр æвзарын.
Ссарут æм антоним - знаг.

Дзырдуатон куыст - бæзæрхыг, магаз

Страницы: <<  <  1 | 2 | 3 | 4  >  >>
Рейтинг
Оцени!
Поделись конспектом: