Æмбæлтты хæлардзинад Коцойты Арсены радзырды «Æмбæлттæ

Страницы: <<  <  1 | 2 | 3 | 4 | 5  >  >>

инкæ, хъатара, кæвдæс.

Фæрстытæ: Цавæр дыууæ персонажы æрæвæрдта Арсен ныхæй - ныхмæ радзырды "Æмбæлттæ"?
Арсен ныхæй- ныхмæ æрæвæрдта абырæг Батырбег æмæ æртыккаг зылды пъырыстыф Иван Кузьмич Топтыгойы фæлгонцтæ.
Куыд арæзт у радзырд?
Радзырд арæзт у Батырбег æмæ пъырыстыфы конфликты бындурыл.
Цæмæн хуыйны радзырд "Æмбæлттæ"? Цы ис сæ хæлардзинады бындуры?
Арсен сатирæйы миниуджытæй арæхстджынæй пайда кæнгæйæ, абырæг æмæ къæнцылары хицауы рахуыдта æмбæлттæ. Сæ хæлардзинад та равзæрд бæхтæ давын æмæ æндæр алыхуызон æнаккаг хъуыддæгты бындурыл.
Цæмæн сси Батырбег абырæг? Цавæр уацмыстæ зонут давджыты, абырджыты фæлгонц æвдыст кæм цæуы?
Тугъанты Б. "Бæхдавæг", Н. А. Некрасов "Вор"
Бакæсæм ма Некрасовы æмдзæвгæ "Вор" æмæ йæ равзарæм.
Ацы æмдзæвгæйы автор равдыста, адæймаг ахæм уавæрмæ йæ царды уагæвæрдæй кæй æрцæуы, уый.
Афтæ зæгъæн ис Батырбеджы тыххæй дæр - кæд фыдгæнæг, абырæг у, уæддæр æй уыцы митæм, чи зоны, уавæртæ æркодтой, пъырыстыф та йæ бартæй пайда кæнгæйæ, йæхæдæг сси фыдгæнæг.
Кæд Батырбег хуыснæг у, уæддæр æм раиртæстаиккат хорз миниуджытæ. Цавæртæ?
Ныфсхаст, æргомдзырд, æмбалæн аргъ кæны, дзырдыл фидар хæцын æмæ æнд.
Фарст: Цы зæгъæн ис пъырыстыфы тыххæй та?
Уый у æппæрццæг персонаж. Йæхи цæмæй равдиса, ахæм йæм мур дæр ницы ис: нæдæр зонд, нæдæр удыхъæды миниуджытæ.
Радзырды фыццаг рæнхъытæй дæр æнæгуырысхойæ бæрæг у пъырыстыф магуса, закъонтæ æмæ хъуыддæгтæ халæг кæй у, уый. Куысты мидæг ыл цы æхсæнадон хæстæ æвæрд ис, уыдон йæ фæсонырхæджы дæр не сты, йæ хъуыдытæ уæлæнгай:
"Иван Кузьмич Топтыго æнкъард у абон. Бады стъолы фарсмæ. Сисы йæ къухы фыссæн æмæ йæ фæстæмæ æрæвæры. . . "
Йæ рæстæг арвиты къамæй

Страницы: <<  <  1 | 2 | 3 | 4 | 5  >  >>
Рейтинг
Оцени!
Поделись конспектом: