æр йæхи хъал кæнынæн, стæй йæхи хуызæн æнаккаг адæймæгты мæстæй марынæн.
Хатдзæг: Топтыгойы хуызæн æввонгхорæн та, Батырбеджы загъдау, донласæг бæх дæр - "æгъгъæд".
Фарст: Кæй равдыста пъырыстыфы фæлгонцæй Арсен?
Арсен пъырыстыфы фæлгонцæй равдыста "йæ рæстæджы типикон паддзахы, хицæутты, чиновникты, æмæ æндæр æхсæнадон кусджыты. Уыдоны аххосæй свæййы адæймаг æвзæргæнæг, абырæг. Сæхи фыдракæндтæ æмбæхсгæйæ мæгуыр лæгыл фидиссаджы гакк æвæрдтой, æртардтой-иу æй сæ митæй ахæм уавæрмæ, æмæ-иу систы давджытæ, марджытæ, абырджытæ. "
Фарст: Цавæр аивадон мадзæлтты фæрцы сарæзта Арсен Батырбег æмæ Топтыгойы ирд фæлгонцтæ?
Арсен арæхстджынæй спайда кодта сатирæйы миниуджытæй.
Уымæй уæлдай ма:
:: фразеологизмтæй: "йæ туг йæ сæрмæ ныццавта", "йæ сæр бæрзæндты хаста"
:: барæнтæй: "тарст цъиуты дзыгуырау", "сагъдау баззади", "цикъæйæ фæлурсдæрæй"
:: эпитеттæй: "уæззау хъуыдытæй", "æбуалгъ хъуыдытæ", "цъыф зæххыл" æмæ æнд.
Кæронбæттæны скъоладзауты æргом раздахын фæйнæгыл фыст дзырдтæм:
- Ранымайут-ма иу хатт пъырыстыфы æппæрццæг миниуджытæ.
(халæг, æнæгъдау, æдылы, зыд, тæппуд, мæнгард)
Синквейн ныффыссын.
- Ссарут-ма сæм антонимтæ:
(аразæг, æгъдауджын, зондджын, рæдау, уæндон, рæстдзæвин)
Рефлекси.
Ахуыргæнæджы хатдзæг:
Ахæм миниуджытæй æххæст чи у, æрмæст уый у рæсугъд удысконды хицау æмæ æцæг адæймаджы ном хæссыны аккаг. Ныфс мæ ис, сывæллæттæ, ахæмты Иван Кузьмичы хуызæтты ныхмæ карз тохгæнæг сымах кæй уыдзыстут, уый. Уымæн æмæ стут фидæны цардаразджытæ, æхсæнады рæстдзинад æвæрджытæ.
Ууыл нæ урок фæци.
Хæдзармæ
Страницы: << < 4 | 5 | 6 | 7 > >>