r/>Скъоладзаутæ кæсынц 3 - 4 æмдзæвгæйы.
Ахуыргæнæг:
Кæд уæззау уыдысты Къостайы сывæллоны бонтæ, уæддæр тырныдта ахуырмæ. Чи зæгъдзæн, цавæр ахуырдæтты ахуыр кодта Къоста?
Скъоладзау:
Къоста ахуыр кодта Нары скъолайы. Дзæуджыхъæуы прогимназийы. Стъараполы гимназии æмæ Бетъырбухы Аивæдты академийы. Стъараполы гимназийы ахуыр кæнгæйæ Къоста уæлдай æргом здæхта нывкæнынадмæ. Нывкæнынадыл æй ахуыр кодта Василий Иваны фырт Смирнов. Смирнов Къостайы бирæ уарзта, нымадта йæ курдиатджындæр ахуыргæнинагыл æмæ æппæт мадзæлттæй дæр архайдта, цæмæй йе рмдзæф фæфидардæр кæна, рæза йæ курдиат æмæ йæ сразæнгард кодта Бетъырбухмæ ацæуынмæ. Академийы Къоста ахуыр кодта зæрдиагæй. Уый хыгъд бирæ рæстæг хардз кодта уырыссаг æмæ дунеон литературæ кæсыныл. Архайдта спектакльты хъазынмæ, кодта сын декорацитæ. Дæсны уыди кафынмæ æмæ зарынмæ. Фæлæ дыууæ азы куы рацахуыр кодта академийы, уæд ын стипенди нал фыстой, йæ материалон уавæр уыди тынг уæззау æмæ æцæгæлон дард горæты æрыгон лæппу куыд уыдаид. Уымæ гæсгæ академи фæуын йæ бон нал бацис æмæ сыздæхт Кавказмæ.
Скъоладзау:
. . . æрцыдтæн. Мæхицæй фыддæр
Мæгуырæй куы ссардтон дæу дæр,
Мæ уарзон, мæ иубæстон адæм!. .
Нæ хæхтæй, тыгъд быдыртæй
Æмхуызон нæ иуæн дæр нæй,-
Кæм кусæм, кæм цæуæм, кæм бадæм!
Лæджы хуызæн лæг нæм ыстæм,
Бæрæг дæр нæ нал ис, цы стæм,
Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг?
Ацы ныхæстæ куы ныффыста, уæдæй фæстæмæ Къостайæн йæ уарзæгой зæрдæйæ йæ амæлæты бонмæ никуыуал сæфтыд йæ адæмы мæт, уый фæдыл сагъæс. Адæмы сæрыл удуæлдай тох сси йæ царды иунæг нысан цæрæнбонтæм.
Ахуыргæнæг:
Поэты зæрдæ уæлдай тынгдæр агайдта йæ уарзон Ирыстоны уæззау уавæр. Къостайæ раздæр ничи фехъуыста Ирыстоны риуæй йæ уæззау хъæрзын. Куыд хорз зыдта мæгуыр адæмы царды æгъдæут
Страницы: << < 2 | 3 | 4 | 5 | 6 > >>