Къоста - нæ кад æмæ нæ зарæг

Страницы: <<  <  1 | 2 | 3 | 4  >  >>

r/>Къоста. . . Нæ лæугæ хох, нæ цæугæ мæсыг! Уæдæ йын æндæр куыд схонæн ис? Уый у ирон адæмы ныфс, нæ литературæйы астæуккаг цæджындз. Къостайы зæрдæмæ хъаргæ саджы фисынтыл амад поэзи райгуырд Ирыстоны сагъæстæй. Ирыстон у йæ раттæг мад. Ирыстонæн та сси йæ кад, йæ намыс, йæ ирд стъалы, йæ дзыллæйы зæрдæ.
Стыр цымыдисаг сты зындгонд ахуыргонд Абайты Васойы ныхæстæ Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстады ахадындзинады тыххæй.
Скъоладзау кæсы Абайты Васойы ныхæстæ: ". . . Махæн та ис Къоста". (æвдыст цæуы презентаци)
Ахуыргæнæг:
- Цæмæн афтæ адджын уыд æмæ у Къоста зæрдæйæн, цæмæн дзы арф бынат ары, цæмæн хъары риуы, кæм ис йæ тых Къостайæн?
- Цавæр уыд сабийæ? Чи уыдысты йæ ныййарджытæ?
1-аг скъоладзау:
Къостайы фыд Леуаны чи зыдта, уыдоны мысинæгтæм гæсгæ уый уыди хъуыстгонд адæймаг æппæт Ирыстоны дæр. Нымад уыдис рæстзæрдæ æмæ зондджын адæймагыл. Леуанæн стыр аргъ кодта Къоста дæр: "Мæ фыды канд уарзгæ нæ кодтон, фæлæ йæ нымадтон зæды хуызæн адæймагыл. . . Ахæм хæд-зонд,адæмуарзон, рæстзæрдæ, æнæзыд адæймагыл никуы æмæ никæд сæмбæлдтæн. Махæн не хсæн никуы уыди быцæудзинæдтæ. Суанг ма чысыл куы уыдтæн, уæдæй фæстæмæ нæмгæ нæ, фæлæ уый мæнæн карз уайдзæф дæр никуы бакодта. . . "
2-аг скъоладзау:
Къоста йæ мады нæ зыдта. Йæ мад амарди, Къоста куы райгуырди, уæд. Йæ фыды ус Сухиты Хъызмыдæ разынд карз æмæ хъæбæрзæрдæ сылгоймаг. Нæ бауарзта æнахъом сабийы, æдзух æй æнæхъуаджы схуыста, лæгъз ныхасæй йæм никуы сдзырдта. "Хъызмыдæйыл та ныхас дæр нæй. Нæ мæ уарзта æппындæр. Йæ чызгæн мæнæй уæлдай хъулон митæ кодта. Мæ фыды ус кæй уыд, уый тыххæй йæм æз схыстæй никуы сдзырдтон", - фыста йæ мысинæгты Къоста.
3-аг скъоладзау:
Къостайы мад уыди Гуыбаты Габрелы чызг Маро. Чи йæ зыдта, уыдоны мысинæгтæм гæсгæ Маро

Страницы: <<  <  1 | 2 | 3 | 4  >  >>
Рейтинг
Оцени!
Поделись конспектом: