уыди хæрзæгъдау, фæлмæнзæрдæ, рæсугъд сылгоймаг. Йæ ныв ын сарæзта Къоста, хорз æй чи зыдта, уыдоны ныхæстæм гæсгæ æмæ куыд дзурынц, афтæмæй бынтондæр раууад йæхи хуызæн.
Нæй, ничи мæ уарздзæн дæу хуызæн,
Мæ уарзон, мæ ныййарæг мад.
Дæ фырты куы ницыуал уырны,
Ыстыхсын æй кодта йæ цард.
Ды куы уаис - куыд бирæ мæ уарзис,
Æмбарис дæ фырты зæрдæ.
Тыхмийæ, фыдæй йæ цæргæсау
Ды хъахъхъæнис царды бæргæ. . .
(презентации æвдыст цæуынц йæ ныййарджыты къамтæ)
Ахуыргæнæг:
Ныййарæг мады фæлгонц Къостайы сфæлдыстады ссардта стыр бынат. Æркæсæм ма ныв "Донхæссынмæ" -мæ. Цы равдыста Къоста нывы?
Скъоладзау:
Къоста нывы равдыста мады фæлгонц, гыццыл лæппу та у, куыд хъуыды кæнын, афтæмæй Къоста йæхæдæг. Сывæллон ныххæцыд йæ мады фæдджийыл. Къоста æдзухдæр мысыд йæ мады, хæлæг кодта, мады фæлмæн къухты рæвдыд чи æййæфта, уыцы сывæллæттæм. Йæ иу æмдзæвгæйы афтæ фыста:
Тæхудиаг, буц хъæбулæй
Йæ уалдзæджы царды хурæй
Чи бафсæст йæ мады хъæбысы!
Скъоладзау:
Нæ баззад иуварс Къостайæ сылгоймаджы уæззау хъысмæт равдисын дæр, уæлдайдæр æвадат хæххон уавæрты. Къорд дзырдæй саразы ахæм ныв æмæ адæймаг баризы уыцы ныв йæ цæстытыл ауайынгæнгæйæ. Æрмæст "Сидзæргæс" дæр фаг у, цы уавæрты цардысты адæм, уый бамбарынæн.
Ахуыргæнæг:
Уæдæ Къостайы сфæлдыстады стыр бынат бацахстой, сабитæн кæй ныффыста, уыцы æмдзæвгæтæ. Уыдон сты ссæдз æмдзæвгæйы бæрц. Бацæттæ сæ кодта мыхуыры рауадзынмæ дæр. Йæ чиныг схуыдта "Зæрватыкк", йæ бынмæ та фыст уыдис "Мæ лæвар ирон сывæллæттæн". Уымæй рахизгæйæ сывæллæтты уæззау цард æвдыста йæ нывты. Куыд зонæм, афтæмæй та уыдис тынг куырдиатджын нывгæнæг. (презентаци Къостаайы нывтыл) Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм уыцы æмдзæвгæтæй иу цалдæр.
Страницы: << < 1 | 2 | 3 | 4 | 5 > >>