Къоста - нæ кад æмæ нæ зарæг

Страницы: <<  <  4 | 5 | 6

руджын буар. Стыр сау цæстытæ æдзухдæр æрттывтой зынгау. Йæ хъæлæсы уаг уыди зæрдæмæдзæугæ. Адæм хистæрæй-кæстæрмæ æмхуызонæй хæстæг ластой сæхи Къостамæ. Уый се ппæтæн дæр уыди æфсымæры хуызæн зынаргъ".
Скъоладзау 2-аг:
"Всю жизнь я мечтала встретить человека с высоким умом и богатой душой, - фыста йæ боныджы А. Попова, - человека, который мог бы своими познаниями, своим миропониманием, своими высшими стремлениями обогатить и мою душу, развитие, ум, и в тяжелые минуты, поддержать, быть истинным мне другом. . . И вот на пути встречаю Коста, который подходил к тому типу друзей моего духовного идеала, к которому так стремилась моя душа. . . Но, не на радость, не на счастье оказалась эта встреча. Нам было не по пути. (Æмдзæвгæ "Да, встретились напрасно мы с тобою. . . ")
Скъоладзаутæ кæсынц "Хæрзбон", "Не верь, что я забыл родные наши горы. . . ". (презентаци Къостайы цыртдзæвæнтимæ)
Ахуыргæнæг:
Къоста йæ цыбыр царды рæстæджы йæ куырыхон зонды руаджы рæдийгæ никуы кодта. Æрмæстдæр фæрæдыд иу хъуыддаджы. Йæ æмдзæвгæ "Зонын"-ы фыста:
Иу бон æгъгъæд у мысынæн,
Иу бон кæндзыстут мæ дзырд,
Уый фæстæ ферох уыдзынæн,-
Ничиуал зондзн мæ цырт.
Фæрæдыд!. . Ирон адæм нæ ферох кодтой сæ уарзондæр хъæбулы. Кæнынц ын кад æмæ намыс. Уый тыххæй, Къостайы амардыл дæс азы куы сæххæст, уæд уыцы мысæн саударæн бон Иры номдзыддæр лæгтæй иу Цомайты Хадзырæтæй хуыздæр ничи загъта.
Скъоладзау кæсы: "Ацы ингæны æвæрд ис нæ Иры стыр лæг, нæ адæмы ахсджиаг Хетæджы фырт Къоста. . . "
презентаци.





Страницы: <<  <  4 | 5 | 6
Рейтинг
Оцени!
Поделись конспектом: