тæ, сæ сагъæс. Мæнæ сæ цыма мæхæдæг уынын, куы фæкæсын "Уæлмæрдты", "Мæгуыры зæрдæ", "Додой". . .
Кæд фæзынд йææ чиныг "Ирон фæндыр"?
Скъоладзау:
Йæ царды энциклопеди "Ирон фæндыр" фæзындис мыхуыры 1899 азы. Уыцы рæстæг Къоста Дзæуджыхъæуы нæ уыд æмæ чиныг мыхуырмæ бацæттæ кодта Байаты Гаппо. Йæ бынмæ фыст уыд: зæрдæйы сагъæстæ, зарджытæ, кадджытæ, æмбисæндтæ. Кавказы цензурæйæ куыд уыди, афтæмæй мыхуырмæ нæ уагъта. Гаппо та уыцы рæстæг куыста бæрнон бынæтты. Цалдæр мæйы ракæ - бакæйы фæстæ радтой мыхуыры бар. Къостамæ, мыййаг, исты маст куы æрхауа, уымæй тæрсгæйæ Гаппо цалдæр æмдзæвгæйы йæхи куыд фæндыди, афтæ рацарæзта, цалдæр та дзы бынтондæр систа. Уый тыххæй Къоста тынг смæсты Гаппомæ æмæ йæм ныффыста тынг æфхæрæн ныхæстæ. "Ныртæккæ дæр мын амал куы уаид, уæд ацы рауагъд æрбамбырд кæнин æмæ йæ басудзин, фæд дæр дзы куыннæуал баззайа, афтæ". Фæлæ кæд чиныг ахæм хъуагдзинæдтимæ уагъд æрцыд, уæддæр "Ирон фæндыр"-ы фæзынд уыдис тæккæ егъаудæр цау нæ адæмы историйы, нæ культурæйы.
Скъоладзау:
Уацмыс "Æрдхæрæны лæвар"-æй скъуыддзаг "Ирон фæндыр"-ы тыххæй.
Ахуыргæнæг:
Цы диссаджы адæймаг уыди Къоста. Æппæтæй æххæст. Йæ цард у æнæхъæн истори. Къостайæн йæ цыбыр царды цы бантыст ирон адæмы кад æмæ намысæн, уый у ахæм сфæлдыстадон сгуыхт, ахæм историон хъуыддаг, биографион цауты равдисæн кæмæн нæй. Бирæ адæм сæ мысинæгты фыстой Къостайы тыххæй. Зындгонд уырыссаг фыссæг А. Фадеев Къостайы схуыдта ирон адæмы Леонардо да Винчи.
Скъоладзау 1-аг:
Зындгонд ирон нывгæнæг Тугъанты Махарбег фыста: "Къоста фылдæр хатт дардта бæгæныхуыз кæн цъæх цухъа сау куырæтимæ. Йæ диссаджы сатæг - сау сæрыхъуынтæ фæсте зындысты йæ сау худы бынæй. Уый асæй уыдис хъа
Страницы: << < 3 | 4 | 5 | 6 > >>