Классный час. Къоста - нæ кад æмæ нæ зарæг.
Урочы темæ: Къостайы биографийыл афæлгæст.
Урочы темæ: Зонгæ кæнын ахуырдзауты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадимæ, рæзын сæм кæнын цымыдис фыссæгмæ куыд адæймагмæ, йæ удыхъæды бæрзонд миниуджытæм, йе сфæлдыстадмæ.
Эпигрæф:
"Адæмы цæсгом æмæ намыс чи свæййы, адæм сæ ивгъуыд дуджы мысинæгтæ æмæ сæ фидæны ныфс кæй номимæ фæбæттынц, сæ туг, се стæгыл кæй фæнымайынц, ахæм поэттæ нырма чысыл райгуырд. Хетæгкаты Къоста хауы уыцы чысыл бинонтæм.
. . . Уымæн æнæ уарзгæ нæй. Куы йæ бауарзай, уæд та æнæ тырнгæ нæй хуыздæр уæвынмæ, поэт æмæ адæмы бартыл тохгæнæг,. нывгæнæг æмæ æмбæстаг афтæ хорз кæм баиу сты, Къоста йæхæдæг диссаджы æлвисæн кæмæн у, уыцы бæрзонд миниуджытæм.
Мариэтта Шагинян.
(эпиграф æвдыст цæуы слайды хуызы интерактивон фæйнæгыл).
Къулыл Къостайы портрет. Йæ чингуытæ алы азты æмæ алы рæтты уагъдæй, къостайы нывтæ. (слайд - шоу)
Ахуырдзаутæ:
1-аг: Къоста - нæ кад æмæ нæ зарæг,-
Нæ цинтæй никæд уыдзæн цух!
Цæрдзæн Ирыстоны зынаргъ лæг,
Зæххыл йæ зарæгау æдзух!
2-аг: Къоста - Ирыстоны зынаргъ лæг,
Нæ куыст, нæ хъуыддæгты цæрæг.
Зæгъынц, куы, дам, фыста йæ зарæг,.
Уæд кодта зарæгау хæлæг.
Хъуысы Къостайы зарæг. (æвдыст цæуы презентаци)
Ахуыргæнæджы разныхас:
Рагæй - æрæгмæ ирон адæм ноггуырдæн ракувынц: "Ахæм фарн æм разынæд æмæ йæ мыггагæн нæ, фæлæ æппæт Ирыстонæн дæр кад куыд скæна, йæ ном дардыл куыд айхъуса!". Уыцы нæртон арфæ æрцыд Къостайыл. Æрмæст Хетæгкаты мыггаджы нæ, фæлæ скадджын кодта æппæт Ирыстоны дæр, йæ наамыс анхъæвзта дæрдтыл. Ирон адæмы базонын кодта æппæт дунейæн, бирæ адæмты æрыхъусын кодта йæхимæ, се ргом сын аздæхта Ирыстонмæ, ирон лæджы удыхъæдмæ, йе гъдæуттæм, йæ бæллицтæм, йæ царды зындзинæдтæм.
Страницы: 1 | 2 | 3 > >>