Йæ ном цæрдзæн æнустæм

Страницы: <<  <  4 | 5 | 6 | 7  >  >>

лы тыххæй радзурын.

7. Ахуырг.
Фыдыбæстæйы Стыр хæст. . . Хæст. . . Хæрз цыбыр дзырд, фæлæ дзы зæрдæ ныккæрзы. Ирыстонæй Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ чи ацыд, уыдон уыдысты 85521 адæймаджы. Уыдонæй фæмард хæсты 46900 адæймаджы. Дыууæ хæдзармæ дзы нал сыхдæхтысты æвдгай æфсымæртæ: Гæзæдæнтæ æмæ Кобегкатæ; 7 хæдзармæ - æхсæзгæйттæ; 36 хæдзармæ - фæндзгæйттæ; 92 хæдзармæ - цыппæргæйттæй; 100-гай хæдзæрттæм - æртыгæйттæй. Куыд уынæм, афтæмæй æнцонтæй нæ бафтыд Уæлахиз къухы.
Уæ хъæумæ куы æрбацыдтæн, уæд иу уынджы ссæйцыдтæн æмæ дзы федтон зæронд хæдзар. Куыд мын бамбарын кодтой, афтæмæй уыцы хæдзар у тынг рагон хæдзар. Æркæсут ма йæм. Ныр дæр ма йæ хæсты нæмыгдзæфтæ бæрæг сты йæ къултыл. Хæст раджы фæци, фæлæ уыцы хæдзар абон дæр ма йæ хицаумæ æнхъæлмæ кæсы. Фæлæ, æвæццæгæн, хæсты æбæрæгæй фесæфт.
Диссаг у, æвæдза, Иссæ куы зыдтаид, хæсты йæ архайын бахъæудзæн, уæддæр æй бафæндыдаид æфсæддон сувын? Йæ бæллиц сæххæст уыдаид?

Дзуапп . . .

8. Сфæлдыстадон куыст.
--- Сывæллæттæ, нæ цæстытыл ма ауайын кæнæм, фыссæг хъæбатыр Иссæйы хæххон цæргæсимæ куыд бары . Фидар удыконд кæмæ разынд, сæрыстыр кæмæй стæм, æмæ уæм куыд кæсы, цæй хуызы æххæст æрцыд Иссæйæн йæ бæллиц?.
(Дзуапп ссарын чиныджы).
Сымахмæ та цавæр бæллицтæ ис?
(Ныффыссын цыбыр нывæцæнтæ).

9. Нæ райгуырæн Ирыстоны бирæ рæсугъд бынæттæ ис. Фæлæ ма зæгъут, Иссæйæ номимæ баст бынæттæ Ирыстоны кæм фембæлут?
Дзуапп. . .
---Цыртдзæвæн Аграрон университеты раз.
---Иссæйы фæзуаты.
---Иссæйы номыл музей.
---Уынг Иссæйы номыл.




Иссæйы номыл ис цыртытæ, уынгтæ, фæзуæттæ куыд нæхимæ, афтæ Уæрæсейы æндæр горæтты дæр: Ростовы, Краснодары, Новошахтинскы, Одессæйы. Суанг ма йын фæсарæнты дæр йæ ном нæ рох кæны

Страницы: <<  <  4 | 5 | 6 | 7  >  >>
Рейтинг
Оцени!
Поделись конспектом: