ловакийы Хæстон Сырх Тырысайы орден, Социалистон Республикæ Румыны Тудор Владимирскуйы1-аг къæпхæны орден, францаг ордентæ: Кадджын легионы Командор æмæ ᴁфсæддон дзуар, президнет Рузвельтæй орден "Хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй" æмæ æндæртæ.
Ахуырг. Цы зонут хæсты тыххæй?
Чи уын радзырдта хæсты хабæрттæ?
Уæ бинонтæй хæсты чи уыдис?
Дзуапп. . .
Уæлдæр куыд загътон, афтæмæй Иссæ уарзта бæхтæ, бæхыл бадынæй хуыздæр æм ницы каст. Адæймагæн æмбал æрмæст адæймаг нæ вæййы. Иссæйы æмбал йæ бирæ хæстон балцыты уыд йæ бæх
5. Ахуырг. ---Зындгонд бæхыл бадæг Хъантемыраты Алыбег афтæ загъта: "Бæх у, адæймаджы зæрдæ æппæтæй хуыздæр чи æмбары, ахæм цæрæгой, æмæ йæ зæрдæхудты ма бацæут".
---Сывæллæттæ , цы зонут бæхы тыххæй? Радзырд , æмбисонд.
Дзуапп. . .
Цæрæгойтæй дæр ис, æмбал кæй схонæн ис, ахæмтæ. Хæсты рæстæджы цæрæгойтæй уæлдай уаргъ æруайы бæхыл. Бæхæй уарзондæр, æмбаргæдæр, кадджындæр цæрæгой нæй. Уый йæ хицауы æмбары йæ цæстæнгасæй дæр. Хæстыты дæр бæх адæймагау æвдыста стыр хъару æмæ хъæбатырдзинад. Йæ хицау-иу куы фæцæф, уæд-иу æй рахаста æдас ранмæ.
Хæсты нæ, фæлæ сабыр царды дæр бæх бирæ пайда у адæймагæн. Куырттаты комы бæхæн ис цыртдзæвæн.
Ахуырг.
---Зæгъут-ма, уæдæ, ирон литературæйы цавæр уацмысты æмбæлæм бæхимæ?
Дзуапп: "Зæлимхан", "Нарты кадджытæ", (Нарты Уырызмæджы бæх "Æрфæн").
---Бæхимæ баст ирон æгъдæуттæ цавæртæ зонут?
Дзуапп: 1. Бæхты дугъ.
2. Мады фсымæры бæх давын.
Ахуырг.
Сывæллæттæ, махæн, ирон адæмæн нæ адæмон сфæсдыстад тынг хъæздыг у. Цæмæй хъæздыг у, чи зæгъдзæн?
Дзуапп. . .
---Уæдæ чи зæгъдзæн бæхы тыххæй æмбисæндтæ.
а. Хорз бæх лæджы аргъ.
æ. Хорз
Страницы: << < 2 | 3 | 4 | 5 | 6 > >>