Йæ ном цæрдзæн æнустæм

Страницы: <<  <  5 | 6 | 7

нц.
Ахуырг.
Æрмæг бафидар кæнын.
На урокæн хатдзæгтæ скæнæм.
а. Бæстондæр дзуæппытæ чи ратта?
æ. Хуыздæр чи бакуыста?
б. Активондæрæй чи архайдта урочы?
в. Æмæ, уæдæ, сывæллæттæ, нæ урочы ногæй цы базыдтат?
г. Уæ зæрдæмæ тынгдæр цæмæй фæцыд Исса?
д. Сывæллæттæ, куыд уæм кæсы, цæмæй Иссæйы хуызæн ныфсджын, ныфсхаст æмæ хъæбатыр уат, уый тыххæй цы хъæуы?
Ахуырг.
---Иссæ куы руатон, куы æррынчын, йæ царды фæстаг бон куы æрхæццæ, уæд æфсады инæлар бафæдзæхста, цæмæй йæ йæ чысыл райгуырæн бæстæйыл сæмбæлын кæной. Уыцы фæдзæхст æххæстгонд æрцыд. 1979 азы 8 февралы Иры дзыллæ Иссæйы бавæрдтой Намысы аллеяйы. .
---Абон нæ урочы мах дзырдтам Плиты Алыксандры фырт Иссæйы тыххæй. Ирон лæджы кад æмæ намыс бæрзонддæр къæпхæнмæ чи систа. Æмæ махæн нæ хæс у, уыцы кад дæлæмæ ма руадзын.
Цæмæй афтæ уа, мæ хуртæ, уый тыххæй хъæуы æгъдауджын уæвын, хорз ахуыр кæнын, ныййарджытæм хъусын æмæ Райгуырæн бæстæ уарзын, æмæ уæд уыдзыстут æцæг патриоттæ.
Ирон адæм мысынц æмæ сæ зæрдыл дарынц сæ номдзыд фыртты. Йæ удæгасæй дæр ыл кады зарæг уымæн скодтой Иссæйыл.
" Ирыстоны хъæбатыртыл нæ кæуынц, хъæбатыртыл нæм зарджытæ кæнынц". (Зарæг).
10. Ацы аз, 9 майы, бæрæг кæндзыстæм Уæлахизы 70 азы, æмæ уыл кæддæриддæр хъæлдзæг бæрæгбæттæ цæуæд. Цы бæллицтæ уæм ис, уыдон уын сæххæст уæнт.

11. Бузныг уе ппæтæн дæр.




Страницы: <<  <  5 | 6 | 7
Рейтинг
Оцени!
Поделись конспектом: