Йæ ном цæрдзæн æнустæм

Страницы: <<  <  3 | 4 | 5 | 6 | 7  >  >>

бæхы ехс нæ хъæуы.
б. Бæхæй уарзондæр фос нæй.
6. Ахуырг.
Абон нæ урочы дзурæм Иссæйы тыххæй ,фыст дæр æрцыд бирæ уацмыстæ, поэмæтæ. Адæм сæ кæсынц зæрдиагæй. Не ʼмзæххон Плиты Иссæйы тыххæй чиныг "Впереди атакующих эскадронов" йæ автор - оставкæйы булкъон Иван Юрков фыссы: "Уæд, мартъийы, уыдис æвзæр боныхъæд. Къæвда æмæ мит фехæлдтой фæндæгтæ, фæлæ уæддæр хæстонтæ тох кодтой Одессæ суæгъд кæныныл. Сæ хъару асистис, фæлæ уæддæр размæ цыдысты. Инæлар сын йæхæдæг ныфс лæвæрдта фæллад хæстонтæн".
Иссæйы хуызæн хъæбатырты фæрцы мах абон цæрæм нæ райгуырæн бæстæйы сæрибарæй. Адæймагæн Фыдыбæстæ куы нæ уа, сæрибар куы нæ уа йæ райгуырæн зæххыл, уæд ахæм цардæй мæлæт хуыздæр.
Уалдзæджы хуыздæр мæйтæй иу у зæрдæвæрæны мæй. Уалдзæг та у циндзинад æмæ цардамонд хæссæг адæмæн. Æрдз бæрæгбонхуыз йæхи сфæлынды. Бæстæ дидинæг акалы. Хур бæрзонд йæхи сисы æмæ æхсызгонæй фæтавы. Майы мæй уæлдай æхсызгондæр æмæ уарзондæр уымæн у, æмæ кæй бæрæг кæнæм 9 майы - стыр Уæлахизы бон.
Нæ урокмæ эпигрæфæн райстон номдзыд хæстон уацхæссæг Пётр Павленкойы ныхæстæ: "Ироны ном цытимæ дзурынц æппæт фронты дæр, уымæн æмæ ирæттæ сæхи равдыстой хъæбатыр æмæ намысджын хæстонтæй".
Сываллæттæ, куыд уæм кæсы, абон райхæлдтам Пётр Павленкойы ныхæстæ? Кæй руаджы?
Нæ номдзыд хъæбатыр Иссæйы руаджы.
Кæй зæгъын æй хъæуы, ирон адæм дæр, иннæ адæмтау сæ тых, сæ хъару сарæзтой знаджы ныхмæ, райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ.
Фыдыбæстæйы сæрибардзинады тыххæй бирæ туг ныккалд нæ уарзон Ирыстоны зæххыл.
Хæдзармæ уын лæвæрд уыдис бацæттæ канын, хæсты рæстæджы хъæбатырæй йæхи чи равдыста , Ирыстоны зæхх знагæй чи бахъахъхъæдта, ахæм æрмæг.



Дзуапп. . . 1. Пётр Барбашов.
2. Доййаты Дауыт.
3. Джызæ

Страницы: <<  <  3 | 4 | 5 | 6 | 7  >  >>
Рейтинг
Оцени!
Поделись конспектом: