рситеты филологон факультет. Уый фæстæ та æфсæддон училище. Хæцыд Фыдыбæстæйы хæсты.
40-æм азты фæзындысты Михалы радзырдтæ.
1964 азы йын мыхуыры рацыдысты радзырдтæ æмæ новеллæты æмбырдгонд "Ныхæй ныхмæ". 1978 азы рацыд мыхуыры йæ чиныг "Æрфæны фæд".
Фыссæг фыссы ныртæккæ дæр нæ царды ахсджиагдæр фарстатыл, нырыккон литературæйы проблемæтыл.
2. Ахуырг. Байгом кæнæм нæ чингуытæ æмæ акусæм текстыл.
Дзырдуатон куыст.
Надвæндагыл---кæуыл цæуынц, ахæм фæндаг.
Къæсхуыртæарæзт---мæллæг.
Хæрзæлвæст---хæрзконд.
А. Раттын фарстатæ.
--- Ссарын тексты Плиты Иссæ æфсæддон суæвынмæ кам тырныдта , уыцы бынат.
---Куыд сæххæст йæ бæллиц?
--Цавæр сгуыхтыты тыххæй радтой Иссæйæн Советон Цæдисы Хъæбатыры ном?
---Дыккаг хатт та?
---Иссæ ирон адæмæн, Ирыстонæн цавæр кад скодта? (Чиныджы бакæсын).
--- Хæххон цæргæс æй цæмæн хоны фыссæг?
---Ам фыссæг цавæр аивадон фæрæзтæй спайда кодта?
3. Къордты куыст.
а. Тексты ссарут Иссæйы хæстон арæхстдзинад æвдыст кæм цæуы, уыцы бынат.
æ. Иссæйы хæстон цаутæ Дард Хурыскæсæны.
б. Ссарын лæгдзинад æвдисæн дзырдтæ. (Тетрæдты сæ ныффыссын. )
в. Ссарын диалог æмæ йæ бакæсын.
г. Тексты ссарын вазыгджын дзырдтæ.
д. Тексты ссарын антонимтæ.
Ахуырг.
Æрхæццæ нæм кæны стыр Уæлахизы бæрæгбон. Уæ цæстытыл ма ауайын кæнут, Сæрибары фæзмæ рацыдысты адæм æмæ куыд цин кæнынц бæрæгбоныл . Сæ зæрдыл æрлæууын кæндзысты нæ хæстон хъæбатыртæ, фыццаг рæнхъы, кæй зæгъын æй хъæудзæн, уыдзæн Иссæ.
4. Хæдзармæ уын лæвæрд уыд Иссæйы тыххæй æрмæг бацæттæ кæнын.
Нæ сæр бæрзонд кæмæй хæссæм, йæ ном суанг фæсарæнты кæмæн айхъуыст. Чи зæгъдзæн бæстондæр Иссæйы тыххæй?
Дзуапп. . .
--- П
Страницы: << < 1 | 2 | 3 | 4 > >>