ккейæ, скæнæм митын дадатæ. Зымæджы вæййы нæ уарзондæр бæрæгбон Ног аз).
Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, хæрзбон зæгъæм зымæгæн æмæ нæ балц дарддæр акæнæм. Хъуысы зарæг " Голубой вагон" Мæнæ æрбахæццæ стæм дыккаг æфсымæры паддзахадмæ. Кæсут, уый дæр нæ размæ рацыд йæ фырттимæ. Базонут ма чи у дыккаг æфсымæр?
( Дыккаг æфсымæр у уалдзæг, йæ фырттæ та сты март, апрель æмæ май).
Ахуыргæнæг: Уæдæ та ныртæккæ æрзилдзыстæм уалдзæджы паддзахадыл, æмæ ма уæ хъус æрдарут, цавæр ивддзинæдтæ æрцыд æрдзы, уымæ. Сейчас обойдём, владения весны, и обратите внимание на изменения в природе).
Скъоладзаутæ нывтæм гæсгæ дзуапп дæттынц.
(Уалдзæджы бонтæ фæхъармдæр вæййынц, мит атайы, мæргътæ хъарм бæстæй æрбатæхынц, бæлæстæ дидинæг ракалынц)
Ахуыргæнæг: Хæрзбон зæгъæм нæ фысымтæн æмæ дарддæр цæуæм нæ фæндагыл. Зарæг "Балцы зарæг". Мæнæ æрбахæццæ стæм æртыккаг æфсымæры паддзахадмæ. Цымæ чи рацыд нæ размæ? Скъоладзаутæ нывтæм гæсгæ дзуапп дæттынц.
(Нæ размæ рацыд сæрд йæ æртæ фыртимæ. Йæ фырттæ хуыйнынц июнь, июль, август. )
Ахуыргæнæг: Раст зæгъут. Кæсут - ма, цы тынг рæсугъд дарæс сыл ис. Уæдæ сæрд та цæмæн уарзут? Сæрды каникулты куыд фæулæфут, уый ма радзурут нæ фысымтæн. Скъоладзаутæ дзуапп дæттынц нывтæм гæсгæ. .
(Сæрды вæййы хъарм. Каникулты фæхъазæм футболæй, нæхи фæнайæм цæугæ доны. Бæлæстыл вæййы бирæ дыргътæ.
Ахуыргæнæг: Æмæ та нæ балц дарддæр акæнæм. Хъуысы "Балцы зарæг". Мæнæ æрбахæццæ стæм æфсымæрты кæстæр Фæззæгмæ. Цас дыргътæ æмæ нын халсартæ рахастой нæ размæ. Æвæццæгæн æй базыдтой тынг кæй сæххормаг стæм. Акæсут ма куыд рæсугъд у Фæззæджы паддзахад. Куыд рæсугъ дарæсты сфæлыстой сæхи бæлæстæ. Сывæллæттæ, нæ балц кæронмæ æрхæццæ. Афæстиат уыдзыстæм нæ фысымтæм. Цымæ цæмæ, куыд уæм кæсы? Ребята, наше путешест
Страницы: << < 1 | 2 | 3 | 4 | 5 > >>