вие подошло к концу. Мы некоторое время задержимся в гостях у осени. Как вы думаете, почему?
( Ныр у фæззæг).
Ахуыргæнæг: Раст зæгъыс, нырттæккæ сымахимæ стæм фæззыгон парчы. Байхъусæм, банкъарæм, фенæм, бамбарæм æмæ хуыздæр базонæм фæззæджы миниуджытæ. Радзурут ма нæ фысымтæн цæмæн уарзут ацы афæдзы афон? Цæмæй хъæздыг у фæззæг? Послушайте, почувствуйте, лучше узнайте признаки осени. Почему вы любите это время года? Чем богата осень?
Скъоладзаутæ нывтæм гæсгæ дзуапп дæттынц.
-Хур кæсы, фæлæ тынг нал тавы.
-Фæуазал ис. Адæм сæ хъарм дарæс скодтой.
- Фæззæджы бонтæ фæцыбырдæр сты.
-Бæлæсты сыфтæртæ фæбур сты.
-Мæргътæ атæхтысты хъарм бæстæм.
-Адæм æфснайынц халсартæ æмæ дыргътæ.
Ахуыргæнæг: Адæм бирæ халсартæ æмæ дыргътæ кæй бафснайдтой, уый тынг хорз у. Байхъусæм ма Димæ æмæ Алинæмæ цымæ нын цы радзурдзысты дыргътæ æмæ халсарты тыххæй.
Диалог
-Алинæ, ды зоныс дыргътæ тынг пайда сты æнæниздзинадæн, уый. Ис дзы бирæ витаминтæ.
-Зонын Димæ, æз бирæ уарзын фæткъуытæ, кæрдотæ, чылауитæ æмæ алтъамитæ.
-Халсарты дæр бирæ витаминтæ ис æмæ уыдон дæр хæрын хъæуы.
-Мæ мад арæх фæкæны чъиритæ халсартимæ: картофджынтæ, къабускаджынтæ æмæ насджынтæ.
-Æз бирæ уарзын насджынтæ æмæ картофджынтæ.
-Изæры-иу махмæ уазæгуаты æрбацу, мамæ картофджынтæ æмæ насджынтæ кæндзæн.
-Хорз бацæудзынæн уæм.
-Æнхъæлмæ дæм кæсдзынæн.
Ахуыргæнæг: Скъоладзаутæ, хорз афæстиат стæм фæззæджы паддзахады дæр æмæ ныр фæстæмæ раздæхæм нæ къласмæ. Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, хæдзармæ уын цы дзырдтæ лæвæрд уыд ахуыр кæнынмæ, уыдон.
Къæвда - дождь
Ирд- яркий
Мынæг- тусклый
Тауын- сеять
Æфснайынц- убирают
Цæттæ кæнын-готовиться.
Ахуыргæнæг: Ратæлмац кæнут ирон æвзагмæ хъуыдыйæдтæ æмæ бафидар
Страницы: << < 2 | 3 | 4 | 5 | 6 > >>