Мивдисæджы бæрцбарæнтæ

Страницы: <<  <  3 | 4 | 5 | 6  >  >>

кæнут ног дзырдтæ.
Абон уары къæвда.
Сæрды хур вæййы тынг ирд.
Уаты цырагъ у тынг мынæг.
Быдыры тауынц мæнæу.
Ахуырдзаутæ æфснайынц скъолайы кæрт.
Скъоладзаутæ урокты фæстæ сæхи цæттæ кæнынц бæрæгбонмæ.
Ахуыргæнæг: Ныртæккæ скæндзыстæм ахæм хæслæвæрд.
Бафæлварут раст дзуæппытæ равзарын, антонимтæй пайда кæнгæйæ. Раст хъуыдыйæдтæ тетрæдты ныффыссут.
Скъоладзаутæ сæ тетрæдты æххæст кæнынц хæслæвæрд.

бонтæ сты. . . даргъдæр
цыбырдæр
бонтæ вæййынц. . . хъармдæр
уазалдæр
хур у. . . ирддæр
мынæгдæр

хур арвыл . . . ссæуы бæрзонддæр
æрцæуы ныллæгдæр
Фæззæджы райдайы. . . хур бонты рæстæг
къæвда бонты рæстæ

бæлæсты сыфтæртæ. . . фæбурдæр вæййынц
фæцъæхдæр вæййынц
сырдтæ дæр. . . сæхи сæрдмæ цæттæ кæнынц
сæхи зымæгмæ цæттæ кæнынц
адæм. . . æфснайынц хор, дыргътæ
тауынц хор, халсартæ
Ахуыргæнæг: Кæцы бæрцбарæны сты миногонтæ: даргъдæр, цыбырдæр, хъармдæр, уазалдæр, ирддæр, мынæгдæр, бæрзонддæр. (Миногонтæ сты барæн бæрцы).
Ахуыргæнæг: Сæвæрут ма сæ уæлахизон бæрцы.
Скъоладзаутæ дзуапп дæттынц. (Æппæты даргъдæр, æппæты цыбырдæр, тынг хъарм, тынг уазал, æппæты ирддæр, тынг мынæг, æппæты бæрзонддæр).
ΙΙΙ. Урочы хатдзæгтæ.
-Цымæ цы бадардзыстут уæ зæрдыл нæ диссаджы балцæй?
-Уæ зæрдæмæ кæцы афæдзы афон тынгдæр фæцыд?
-Кæцы афоны фæцæут скъоламæ фыццаг хатт?
-Кæцы афоны уæ фæллад фæуадзут?
-Кæд вæййы уæ уарзондæр бæрæгбон?
-Кæд фæнайут уæхи цæугæ доны?
-Кæд атæхынц мæргътæ хъарм бæстæм?
-Цæмæн хъуамæхъахъæнæм æрдз цæстыгагуыйау?
Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ абон тынг хорз куыстат æмæ уын стыр бузныг, ныртæккæ та райуардзыстæм фæззæг нын цы дыргътæ сæвæрдта немæ, уыдон. Æмæ сæ улæфты рæстæг бахæр

Страницы: <<  <  3 | 4 | 5 | 6  >  >>
Рейтинг
Оцени!
Поделись конспектом: