Мивдисæджы бæрцбарæнтæ

Страницы: <<  <  1 | 2 | 3 | 4  >  >>

презентаци)
Фæйнæгыл поезды ныв. Поезды цæугæйæ скъоладзаутæ дзурынц æмдзæв-гæтæ афæдзы афонты тыххæй. Хъусынц музыкæ "Времена года" -мæ.
УАЛДЗÆГ(Хетæгкаты Къоста)
Мит тайы, их сайы,
Фæхъулон ис зæхх:
Йæ цæгат фæзæйнад,
Йæ хуссар фæцъæх.
Йæ фæдыл нæ хъæдыл
Фæхæцыд сыфтæр;
Нæ хуымтæ кæндтытæ,
Нæ ласæн цъыфдæр.
Цырд лæппу гæлæбу
Æрцахста. . . Зæгъ ын:
Нæ уалдзæг дæ уазæг,
Ныууадз æй цæрын!
СÆРД
Хур судзы. . . Уырыдзы
Хæрынæн бæззы. . .
Чи хъæдæй рæгъæдæй
Сырх мæнæргъ хæссы,
Чи халсарæй кæмтты
Æргъæмттæ бæтты. . .
Хуыскъæлæй, æхсæрæй
Кæм цæуынц рæтты!
Цæвæгæй, мæхъитæй,
Æхсырфæй цæттæ,
Хорз байрай, мæ бæстон,
Кæмдæриддæр дæ!
Фæззыгон хъæды.
Азгъæлди хъæдæй йæ сыфтæр,
Хур дæр æй нал тавы фаг.
Æмæ дзы бон дæр, изæр дæр
Нал хъуысы мæргъты тъæлланг.
Дымгæ дзы стонг сырдау зилы,
Гом хихтæм уазал хæссы,
Бæласы къалиутæ стилы,
Бæлас дæр джихæй лæууы.
Ахуыргæнæг: Мæнæ æрбахæццæ стæм уазæгуаты хистæр æфсымæры паддзахадмæ. Уæртæ нæ размæ рацыд йæ æртæ фыртимæ. Зæгъут ма, чи у æмæ цы хуыйнынц йæ фырттæ. Навстречу вышел самый старший брат со своими сыновьями. А кто он и как зовут сыновей.
(Нæ размæ рацыд æфсымæрты хистæр Зымæг. Йæ фырттæ та сты декабрь, январь æмæ февраль).
Ахуыргæнæг: Нæ фысымтæ ныл тынг бацин кодтой, равдыстой нын сæ ихджын паддзахад. Бакасут ма нывтæм æмæ зæгъут. Цавæр ивддзинæдтæ æрцыд æрдзы зымæджы? Какие изменения произошли в природе зимой.
Ахуырдзаутæ кæсынц зымæджы нывтæм фæйнæгыл æмæ дзуапп дæттынц.
Ахуыргæнæг: Уæдæ ма нæ фысымтæн радзурут, цæмæн афтæ уарзут зымæджы афон æмæ цавæр хъæстытæй фæхъазут.
(Мах зымæджы фæхъазæм къахдзоныгътыл, фæбырæм дзоныгътыл, фæхъазæм хо

Страницы: <<  <  1 | 2 | 3 | 4  >  >>
Рейтинг
Оцени!
Поделись конспектом: