Миногон фæлхат кæнын

Страницы: <<  <  1 | 2 | 3 | 4 | 5  >  >>

ракæсут фæйнæгмæ.
Нæ урочы эпиграфæн райстон Хъамбердиаты Мысосты ныхæстæ:
Уалдзæг æрцыди,æрбакаст Дзагцæстæй рудзгуытæм хур. Зымæг фæлидзæг . . . Фæндараст. Рухс уалдзæг тынгдæр æй сур.
III. Раныхас
Уалдзæг. . . Ацы темæ ахсджиаг у æппæт дунейы адæмтæн, аивады алы хуызты дæр. Нывгæнджытæ алыхуызон ахорæнты руаджы сныв кæнынц йæ рæсугъддзинад, композитортæ - сæ хъæлдзæг музыкæйы руаджы, поэттæ та равдисынц уалдзыгон ахорæнтæ сæ поэтикон уацмысты аив дзырдты фæрцы. Æппæт ацы аивады хуызты руаджы адæймаджы зæрдæйы сæвæрынц алыхуызон æнкъарæнтæ.
Фарст. Бакæсут-ма мæнæ ацы нывтæм - компьютерæй ист нывæфтыдтæ æрдзы, мæргъты хъæлæстимæ. И. И. Левитаны ныв "Март".
Цы æвдисæг сты адон?
Дзуапп. Уалдзæг. Мæргътæ. Хур тынгдæр тавы. Бæлæстыл къуыбар фæзынд.
Фарст. Сымах дæр æнæмæнг зондзыстут уалдзæджы тыххæй æмдзæвгæтæ, уыци-уыцитæ, æмбисæндтæ.
Æмбисæндтæ
1. Уалдзæгджы минæвар - дзывылдар (синица)
2. Уалдзæг - магусаты удхæссæг.
3. Рæсугъд уалдзæг - хъæздыг фæззæг.
Уыци-уыцитæ
Ног та сулæфыди зæхх, Быдыр ранæй - ран фæцъæх. Бæлас акалдта сыфтæр. Хъуысы тракторты къæр-къæр.

Дзывылдар дæр нæм æртахт. Тынг ыл бацин кодтам мах. У нæм булæмаргъ дæр уазæг, Уый та нæм æрлæууыд. . . (уалдзæг)

Фыдæлтæй у хивæнд: Бон ыскæны минвæнд. Тæргæйтæ мæ бустæй Йедзаг у йæ хъустæм. (мартъи)

Уазалимæ скæны тох,
Хъызты нæ нæ уадзы рох.
Рог кæны кæддæрид къух,
Хъармæй нæ нæ уадзы цух. (хур)


Уазал ницæмæ нæ дары:
Салд зæххæй йæ сæр ысдары,
Уалдзæгæн йæ фидиуæг,
Æппæты фыццаг дидинæг. (малусæг)


Æмдзавгæтæ сыфтыл фыст . Сбæрæг дзы кæнын миногонтæ.
1. Гæдиаты Секъа "Уалдзæг" 2рæнхъ 1 куплет.
2. Плиты Харитон &

Страницы: <<  <  1 | 2 | 3 | 4 | 5  >  >>
Рейтинг
Оцени!
Поделись конспектом: