Миногон фæлхат кæнын

Страницы: <<  <  3 | 4 | 5 | 6  >  >>

ы?
(Хъæлдзæг зæлланг. )
3. Арвмæ куы скæсæм, уæд цыхуызæн вæййы?
(Цъæх арв. )
4. Уæлдæф та цавæр у?
(Сыгъдæг ,рог уæлдæф. )
5. Зæхх йæ урс гауыз ныр та цæмæй раивта?
(Фæлмæн кæрдæгæй. )
6. Ранæй рæтты тад миты бынæй цы сдардта йæ сæр?
(Фыццаг дидинæг-малусæг. )
7. Хъуысы цъиуты рæсугъд зард. Цавæр цъиутæ нæм æртæхы?
(Æхсызгон цъыбар-цъыбур. )
8. Æрдзы рæсугъддзинадмæ,цъиуты зардмæ адæймаджы зæрдæ цавæр æнкъарæнтæй дзаг кæны?
(Æнæкæрон циндзинад. )
Сылгоймæгты бæрæгбон. Хоры бæрæгбон. Цины бонтæ.
Ахуыргæнæг.
Уæ разы цы æмдзæвгæтæ ис, уыдонæй уæ кæд искæйы фæнды, уæд равзарæд эпиграфæн. Цæттæ стæм фыссынмæ? Уæ разы сыфтыл пълан, спайда дзы кæнут.
Пълан:
1. Рагуалдзæг.
2. Æрдз райхъал.
3. Уалдзæджы ахорæнтæ.
4. Адæймаджы зæрдæйы æнкъарæнтæ.
Гъе-ныр цæттæ стæм. Фыссын райдыдтам къордгæйттæй. Алчи дæр уæ фыссы йæ хъуыдытæ. Стæй,кæрæдзимæ дæтгæйæ, бæрæг кæнут хуыздæр сочинени уæ къорды. Иузæрдионæй æвзæрст сочинени бакæсдзыстут.

Кæнæм хатдзæгтæ.

Фарст: Цавæр ныхасы хай нын баххуыс кодта æрдзы рæсугъддзинæдтæ равдисынæн?
Дзуапп: Миногон
Фарст: Цавæр миногонтæ нæм æмбæлдис арæхдæр?
Дзуапп: Хуызæвдисæг, æнкъарæнтæ æвдисæг.

Чидæр дуар æрбахоста (мæнгæй)
-Акæсут-ма чи у цымæ?
- "Фыстæг уæм".
-Кæмæй у?
-Цъиутæй.
Фыссынц нæм, цæмæй æрдз хъахъхъæнæм, ма йæ чъизи кæнæм, æххуыс сын кæнæм. (Ахуыргæнæг кæсы цъиуты фыстæг)
Фыстæг. Адæм!
Бахъахъхъæнут! Бахъахъхъæнут!
Курæм уæ, ма чъизи кæнут æрдз! Хъахъхъæнут ын йæ рæсугъддзинад, цæмæй цард уа мидисджиндæр æмæ цымыдиссагдæр.
Цъиутæ.








Фарст. Хъахъхъæндзыстæм æрдз? Мæргътæн дæр æххуыс кæндзыстæм?<

Страницы: <<  <  3 | 4 | 5 | 6  >  >>
Рейтинг
Оцени!
Поделись конспектом: