формæ, цыппæрæм-ад, -хъæд, -бынат.
/Скъоладзаутæ дзурынц дæнцæгтæ/
Ахуыргæнæджы разныхас.
Хорз сæххæст кодтат уæ хæдзармæ куыст, уæ зæрдыл дæр хорз бахъуыды кодтат миногон.
Ныр та ма байхъусут мæнæ ацы мыртæм - з ындгонд италиаг композитор Антонио Вивальдийы музыкæ "Времена года"-йæ, "Весна - Уалдзæгмæ". . .
фæлæ ма нæ зонындзинæдтæ цæмæй фæарфдæр кæнæм, уый тыххæй нæ урочы абон фысдзыстæм уыци-уыцитæ:
Ахуыргæнæг. Хуымæтæджы нæ ныффыстам ацы афæдзы афоныл уыци-уыцитæ. Уе ппæт дæр æй бамбæрстат, уæдæ, кæй дзурдзыстæм ныртæккæ нын цы афæдзы афон у, ууыл, ома уалдзæгыл. Æмæ ныффысдзыстæм нæ урочы сочинени - миниатюрæ "Уалдзыгон этюд".
Фыццаг уал зæгъын хъæуы: куыд æмбарут дзырд миниатюрæ?
Миниатюрæ - къаннæг нывæфтыд уацмыс.
Цы хонæм этюд та?
Этюд - æрдзон фæзындыл дзурæг чысыл уацмыс.
Иухатт ма æркæсæм нæ сочиненийы темæмæ.
Уалдзыгон этюд - равзарæм ма ацы дзырдбаст, цавæр ныхасы хæйттæй арæзт у, уый (миногон-цавæр, этюд (цы?) - номдар).
Цавæр афæдзы афонтæ ма зонут?
Фарст. Чи уæ кæцы афон уарзы? Цæмæн?
Æппæтæй æхсызгондæр та уын кæцы афон вæййы? Цæмæн?
Дзуапп. Уымæн æмæ адæм бафæллайынц даргъ, уазал зымæгæй.
Фарст. Цавæр бæрæгбæттæ нæм фæзыны уалдзæджы арбацыдимæ?
Дзуапп. Хур дзагцæстæй ракæсы. Бонтæ фæдаргъдæр вæййынц. Адæм дзагриуæй сулæфынц уалдзыгон уæлдæф. Цъиутæ дæр сæ хъæлдзæг хъæлæстæй ныззарынц.
Фарст. Дзырд дзагцæстæй куыд æмбарут? Цавæр дзырд у?
Дзуапп. Вазыгджын. Уымæн æмæ арæст у дыууæ уидагæй. Йæ нысаниуæг-ома цингæнгæйæ, райдзастæй.
Фарст. Дзырдбæстытæ ма йемæ æрхъуыды кæнут.
Дзуапп. Дзагцæстæй кæсын, дзагцæстæй уынын.
Хъуыдыйад. Хохæй быдырмæ дзагцæстæй ракаст сыгъзæрин хур.
Уæдæ ма мæнæ
Страницы: << < 1 | 2 | 3 | 4 > >>