цмысы сæйраг идейæ дæр ирдæй зыны æртыккаг хъæбулы, Хадзысмелы, ныхæсты:
"Лæг йæ зонд æмæ йæ къухтæй
Цард рæсугъд кæнынæн у,
Цардæн тас куы уа, рæсугъдæй
Хъуамæ радта уæд йæ уд. . . "
Махар
Цыппæрæм - немыцаг инæлар Клейсты æфсад Кавказмæ куы бырста, уæд гъе уым:
"Клейсты фсад бырста Кавказмæ,
Æз Хъубаны был йæ размæ
Ме фсæддонтимæ лæууын. . . "
Фаззæттæ - Шамил æмæ Созыр - басыгъдысты танчы.
". . . знаджы
Бомбæ сæмбæлд, æмæ танчы
Иумæ басыгъдыстæм мах. . . "
Хасан
Кæстæр фырт - Берлины раз
"Хæст Берлины цыд кæронмæ,
Сыгъд цъæх пиллонæй рейхстаг,
Акалдта йæ гæрзтæ знаг,
Уæд америкæгты бомбæ
Не хсæн фехæлди. . . "
Кæстæр лæппу се ппæты номæй дзуры:
"Æмæ кадимæ нæ фæстæ
Зарæг анæрдзæни дард, -
Мах хæларæй радтам бæстæн
Авд æфсымæрæй нæ цард!"
Уацмысы фæстаг аккордтæ мад æмæ цоты трагедийыл бафтауынц æндæр авд трагедийы!
"Æмæ зæронд мадмæ къулæй
Джихæй цухъхъатæ кæсынц. . .
Авд хæдзары та лæууынц
Авд ирон чызджы сæркъулæй. . . "
Амонды аккаг чи уыд æмæ йæ амонд хæсты азарæй кæмæн басыгъд, уыцы чызджыты хъысмæт у уæззау трагеди канд сæхицæн нæ, фæлæ æнæхъæн Ирыстонæн дæр. Уыдон баззадысты куырдуаты, нæ систы царддæттæг æмæ нæ базыдтой хъæбулы ад.
Уымæй уæлдай, сæркъулæй кæй лæууынц, уым ис ирон æгъдау, чызгон æфсарм.
Афтæмæй Грисы поэмæ чиныгкæсæджы æфтауы бирæ хъуыдытыл. . .
Æнæмæнг зæгъын хъæуы Дзæуджыхъæуæй Алагирмæ фæндаджы был цы егъау цыртдзæвæн ис Гæздæнты зынгхуыст авд æфсымæрæн, уый тыххæй. Скульптор спайда кодта Расул Гамзатовы æмдзæвгæ "Журавли"-йы /"Хърихъуппытæ"/ сæйраг идейæйæ цыртдзæвæн аразгæйæ.
II. Нæ фыдæлты æм
Страницы: << < 2 | 3 | 4 | 5 | 6 > >>