Плиты Грис. Балладæ «Авд цухъхъайы» - ныййарæг мад æмæ адæмы хъысмæт хæсты

Страницы: <<  <  1 | 2 | 3 | 4 | 5  >  >>

æкодта, цыма ныртæккæ зындоны хъизæмарæй раирвæзт. Мæ къухы мын скрепкæйæ кæрæдзимæ баст сауфыст гæххæттытæ фæсагъта, йæ цæсгомыл йæ дыууæ къухы æруагъта æмæ загъта: "Хазинкæ, æнхъæлдæн цыдæр æрцахстон!" Лыстæг фыст цæджындзы сæргондмæ æркастæн æмæ дын мæ къухы "Авд цухъхъайы". Æртыккæгæм майы Гриш йæ балладæ Фысджыты Цæдисы æмбырды бакаст æмæ йæхæдæг куыд куыдта, афтæ куыдтой, чи йæм хъуыста, уыдон дæр, мæ фыды цæсгомыстæн!. . "
Ахуыргæнæг. Сылгоймаг æмæ хæст. Куыд ныхмæвæрд сты ацы дыууæ дзырды: иу дзы зæрдæйы нцой, иннæ - зæрдæйы нкъуыст.
Грис йæ балладæйы сарæзта мады диссаджы символикон фæлгонц, уыцы фæлгонцæй равдыста æппæт хæстæфхæрд мадæлты рыст.
Уый у фæлмæнзæрдæ, рæвдауаг, фæлæ фидар æмæ хъæбатыр адæймаг. Зæрдæагайгæ ныхæстæй аразы поэт ацы фæлгонц.
Уым цæринаг авд хъæбулæй
Баззад афтидæй сæ мад".
Зæрдæ ныккæрзы афтид ингæнты æмæ æнæуд цухъхъаты коймæ. Фидар фæрстæ хъæуы ахæм æбуалгъ хабар бауромынæн царддæттæг сылгоймагæн.
Балладæйы арф бæрæггонд цæуы нæ патриотизм. Авд ирон лæппуйы, авд æфсымæры фесæфтысты нæ паддзахады алы кæрæтты.
Мæхæмæт
"Севастополы къуыпрагъыл
Рацыд танчыты зæй махыл;
Загътон: ме знæгтæй мæ маст
Ацы тохы хъуамæ райсон!
Фарсыл авд гранаты рбастон
Æмæ карз фыдгултæн раст
Фатау смидæг дæн сæ гуылфы,
Фехæлдтæн æмæ сæ хуылфы
Сау рыг фестадтæн æваст.

Дзæрæхмæт
Дыккаг - Мæскуыйы раз:
"Хæст Мæскуыйы цур куы ссыгъди, -
Тас Фыдыбæстæн æрцыд,
Уым лæджы мæлæт куы хъуыд:
Бабырстон фыдгултæм тыгъды,
Фехстон развæлгъау гранат
Æмæ суагътон автомат. . . "

Хадзысмел
Æртыккаг - æнæбæрæг ран:
"Хæсты фондз сырды ныццагътон,
Стæй мæ хъуыры туг фæбадт. . . "

Уа

Страницы: <<  <  1 | 2 | 3 | 4 | 5  >  >>
Рейтинг
Оцени!
Поделись конспектом: