н дарæс куы скодтой æмæ хæцæнгæрзтимæ тохы быдырмæ куы рацыдысты.
Царды цинæй чи нæ бафсæст, уыцы æрыгон лæппутæ сæ къухтæм райстой хæцæнгæрзтæ æмæ сæ риуæмбæрц æрлæууыдысты Райгуырæн зæхх фашистон лæгмартæй бахъахъхъæнынмæ.
Хъæбатырæй Фыдыбæстæйы сæрвæлтау тохы фæмардысты Гæздæнты авд æфсымæры, Хестанты æхсæз æфсымæры, Хъалæгаты фондз æфсымæры. Фæндзгай фырттæ нал сыздæхтысты 15 ирон хæдзармæ, цыппæргай фырттæ - 52 ирон бинонтæм.
Байхъусын Гæздæнты авд æфсымæры зарæгмæ.
Иры зæххыл арф носæй баззад Гæздæнты авд æфсымæры мæлæт.
Хæсты цæхæры архайдтой нæ фысджытæ дæр: Плиты Г. , Калоты Х. , Кочысаты М.
I. Абон та нæ ныхас уыдзæнис балладæ "Авд цухъхъа"-йыл. Балладæ "Авд цухъхъайы" у ирон поэзийы хæзнатæй. Поэт ссардта ахъаззаг формæ Фыдыбæстæйы сæраппонд сæ цард цы авд æфсымæры радтой, уыдоны сгуыхтытæ равдисынæн.
Балладæ ныффыссыны тыххæй Грисы бинойнаг радзырдта: ". . . Уый размæ ахæм хъуынтъызæй рацу-бацу кодта, йæ дзыхæй хъыпп-сыпп нæ хауд. Стæй дын апрелы иу дыццæджы йæхиуыл дуар сæхгæдта æмæ суанг сабатмæ йæ тæфтыл никæй ауагъта. Тарстæн, мæ уд фыртасæй сцæйхауд, зæгъын, йæхицæн мацы кæнæд. Майрæмбоны спектаклы фæстæ фæсæмбисæхсæвмæ не рбацыдтæн. Куыддæр дуарæй мидæмæ бахызтæн, афтæ дын мæ хъустыл кæцæйдæр сылгоймаджы хъæлæсы зыр-зыр куы ауаид. Фæджихау дæн, зæгъын, нæ кæрты зианæй Хуыцау бахизæд! Уалынмæ дын сылгоймаджы дзыназын нæлгоймаджы бæзджын хъæлæс баивта.
Сомы дын кæнын мæ фыды сыгъдæг сыджытæй, аст хуызон хъæлæсы дзы банымадтон. Мæ кæуындзæг мæ æргæвста, ныббогъ кæнын мæ фæндыд, фæлæ мæхи урæдтон, зæгъын, куы йæ бахъыгдарон. Суанг боны цъæхтæм фæбадтæн уым. Райсом раджы Гришæ дуар фегом кодта æмæ йæ цæстытæ æууæрдгæ рацыд. Фæсдуар мæ табуреткæйыл бадгæ куы федта, уæд мæм ахæм каст ф
Страницы: << < 1 | 2 | 3 | 4 > >>