Плиты Грис. Балладæ «Авд цухъхъайы» - ныййарæг мад æмæ адæмы хъысмæт хæсты

Страницы: <<  <  3 | 4 | 5 | 6  >  >>

бисæндтæ дæр æнæ равзаргæ нæй. Цавæр æмбисæндтæ зонут сымах?
Хæстон лæг адзалæй нæ тæрсы.
Лæгдзинад дзыхы ныхæстæй нæу.
Хæсты боны сгуыхтæн йæ кад мыггагмæ цæры.
Бирæ хъизæмæрттæ федта мад хæсты рæстæг. Уымæй зындæр никæмæн у зæххыл мæрдтæ æмæ тугтæ уынын, уæлдайдæр та цоты мæлæт, уымæн æмæ царддæттаг у. Рагæй-æрæгмæ мадæлты фæндон у, - Макуыуал уæд хæст!
Фæрстытæ:
1) Цæмæн схуыдта поэт йæ уацмыс "Авд цухъхъайы"?
2) Цавæр аивадон мадзæлттæй спайда кодта поэт?
(Эпитеттæй- сау рыг,уынгæг бон,фыдбоны балц)
(Олицетворенитæй-бонгай хæст куы фæци давд, джихæй цухъхъатæ кæсынц)
3) Цы фендзæн барæг, Куырттаты комы дуарыл йæ бæхæй куы рахиза, уæд?
4) Цы уавæры ис мад? (Балладæйæ пайда кæнын) -
"Уым цæринаг авд хъæбулæй
Баззад афтидæй сæ мад. . . "
5) Раиртасут балладæйы сæйраг идейæ - Хадзысмелы ныхæстæ:
"Лæг йæ зонд æмæ йæ къухтæй
Цард рæсугъд кæнынæн у,
Цардæн тас куы уа, рæсугъдæй
Хъуамæ радта уæд йæ уд. . . "
6) Раиртасут Махарбеджы ныхæсты мидис:
"Хæсты хорзæх æмæ кадæй
Æз æнæнымад куы дæн. . . "
7) Раиртасут Хасаны ныхæстæм гæсгæ, зарæг цæй тыххæй анæрдзæн, уый.
"Мах хæларæй радтам бæстæн
Авд æфсымæрæй нæ цард!"
(Ома æвдыст цæуы патриотизм)
8) Цы цæстæнгасæй кæсы Грис хæстмæ?
(Хоны йæ "сырд", "фыдгул", уымæн æмæ алы адæймаг дæр райгуыры цард аразынæн:
"Лæг йæ зонд æмæ йæ къухтæй
Цард рæсугъд кæнынæн у"
III. Рефлекси.
Мæ зæрдæмæ арф райстон. . .
Æз ма иу хатт базыдтон. . .
Сæрыстыр дæн. . .
Æз никуы ферох кæндзынæн. . .
IV. Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.

V. Хæдзармæ куыст: сахуыр кæнын балладæйæн йæ райдайæн зæрдывæрдæй.




Страницы: <<  <  3 | 4 | 5 | 6  >  >>
Рейтинг
Оцени!
Поделись конспектом: