Ахæм цыбыр характеристикæйы фæстæ сбæрæг кæнынц уацмысы сæйраг хъуыды.
(Хатдзæг кæнынц скъоладзаутæ).
Уæйыджы фæлгонцы Къоста æвдисы, мæгуыр адæмы фæллойæ æдзухæй дæр бæрæгбон цард чи кæны, ахæм хуыскъастæу, фыдзæрдæ, æнæхатыр адæймаджы, фыййауы фæлгонцы та - цыргъзонд, куыстуарзон, хæларзæрдæ, мæгуыр æмæ æфхæрд адæймаджы.
(Нывтæ æвзарын)
V. Ныхасы рæзтыл куыст, æвзаджы культурæйыл.
Пълан саразын таурæгъон хъуыдыйæдтæй аргъауы мидис арфдæр бамбарын кæныны тыххæй. (Ацы пълан сæ бахъæудзæн хæдзармæ куыстæн дæр).
Пълан.
1. Лæскъдзæрæджы цард уæйыгимæ.
2. Уæйыджы ахаст фосмæ.
3. Лæскъдзæрæджы цыргъзонддзинад.
4. Уæйыджы фæрстытæ.
5. Лæскъдзæрæджы уæлахиз.
6. Аргъауы традицион райдайæн æмæ кæрон.
VI. Аргъауы поэтикон лексикæмæ хъус æрдарын. Уацмысы райдайæн æмæ кæрон адæмон аргъæутты традицийыл арæзт кæй у. Кæд сæм поэт бахаста хицæндзинæдтæ, уæддæр сын сæ адæмондзинад нæ фехæлдта.
Адæмон аргъауы райдайæн
-Раджыма - раджыма цардис лæг æмæ ус. . .
- Царди æмæ уыди. . .
Къостайы аргъауы райдайæн
- Раджы уæйыгмæ лæскъдзæрæн
Иу мæгуыр лæг цард.
Адæмон аргъауы кæрон
- Уыдоны æрцыдмæ дзæбæх æмæ æнæнизæй цæрут.
- Абон дæр ма хæрынц æмæ цæрынц.
Къостайы аргъауы кæрон
Уымæй æз куыд дæн æнæ хай,
Афтæ мын ды дæр.
Адæмы хæрзтæй хуыздæрæй
Се рцыдмæ фæцæр!
VII. Литературæйы теорийæ раттын хицæн зонындзинæдтæ.
Барæн æмæ гиперболæ.
Къоста уæйыгæй афтæ зæгъы:
1) "Хоры къутуйау йæ тæнтæ,
Бинаг был - кæфой".
Ам фыссæг уæйыджы тæнтæ æмæ был æвдисы, æцæгæй хъуамæ цæйас уыдаиккой, уымæй дзæвгар стырдæрæй.
Фыссæг, архайд кæнæ архайæг предметы ас, миниуджытæ стырдæр хуызы куы равдисы, уæд ахæм а
Страницы: << < 2 | 3 | 4 | 5 | 6 > >>