Ирон адæмон сфæлдыстады мотивтæ

Страницы: <<  <  1 | 2 | 3 | 4  >  >>

цмыстимæ æрæвæрæн кæмæн ис.
I. Дзырдуатон - фразеологон куыст - зынæмбарæн дзырдтæн тексты цы нысаниуæг ис, уый раргом кæнын.
Лæскъдзæрæн - фыййауæй æххуырсты цæуын (уыр. пребывание в пастухах)
Лæскъдзæрæг (уыр. пастух - чабан, пасший скот за определенную долю приплода) - фыййау.
"лæскъ" - амоны лыстæг фос, лæскъдзæрæг фыййауæн-иу йæ мыздмæ лæвæрдтой, цы фос хызта, уыдонæй хай.
Кæфой - лыстæг уистæй быд хæдзары дзаума. Пайда-иу дзы кодтой хор сыгъдæг кæнгæйæ.
Нывыл - куыд æмбæлы, афтæ, бæстон, бæлвырд.
Ахæтын - ам: бæстæтыл азилын, балцы цæуын.
Терк-Турчы бæстæ - ома Теркæй Туркмæ цы бæстæ ис. Арæх æмбæлы ирон адæмон аргъæутты, Нарты кадджыты.
Даредзанты хъæу - Даредзантæ - кадджыты хъайтарты мыггаг. Сæ цард æмæ се сгуыхтдзинæдтæ сюжетон æгъдауæй сты иухуызон нарты эпосы хъайтарты цард æмæ иухуызон сгуыхтдзинæдтимæ.
Мæгатæ - гыццыл цъиу (коростель - живущая в траве)
II. Бакæсын аргъау (гæнæн ис диалоджы хуызы æртæ скъоладзауы, кæнæ та компьютерæй байхъусын. )
III. Аргъаумæ байхъусыны фæстæ йæ фæрстыты руаджы равзарын.
1. Чи сты уацмысы сæйраг архайджытæ?
2. Цы хуызы æвдыст цæуы уæйыг уацмысы? Цавæр сты йæ удыхъæды сæйраг миниуджытæ?
. . . Иуцæстон сæтой.
Хоры къутуйау йæ тæнтæ
Бинаг был - кæфой.
Фос цæуæт скæнын нæ уагъта,-
Алы бон хæргæ!
3. Цы домæнтæ æрæвæрдта уæйыг лæскъдзæрæджы раз, цæмæй йæ баурома, уый тыххæй?
"Хорз лæг дæ, бæргæ,-
. . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . .
Кæд ды дзырд мæ дзырдмæ сарай,-
Дæу фæуæд мæ фос!"
4. Куыд æмæ цавæр уавæрты царди лæскъдзæрæг уæйыгимæ?
"Атъæпп уа, цы фыййау хоны
Амондджын йæхи!
Махæн дзы йæ сæфт ыссардта,
Байсысти йæ туг!"
5. Цæмæн сф

Страницы: <<  <  1 | 2 | 3 | 4  >  >>
Рейтинг
Оцени!
Поделись конспектом: