Ирон адæмон сфæлдыстады мотивтæ

Страницы: <<  <  1 | 2 | 3 | 4 | 5  >  >>

æнд кодта йæхи уæйыгæй схицæн кæнын?
Бафæллад. . .
6. Куыд æмæ цæй руаджы фæуæлахиз ис мæгуыр лæг уæйыгыл? (Ам хъæуы æрдзурын лæскъдзæрæг æмæ уæйыджы фæлгонцтыл. . . )
Уæйыг æвдыст у - гуымирыйæ, тызмæгæй, гуыбындзæлæй, æнæхатыр æмæ æфхæрæгæй, зыд æмæ кæрæфæй, расыггæнагæй, схъæлдзырд æмæ хиппæлойæ. Архайы хинæй æмæ тыхæй. Фæлæ цыбыр зонды хицау кæй у, уымæ гæсгæ йæ хинтæ æмæ фыдракæндтæ йæхиуыл æрцыдысты.
". . . Адæммæ кæм нæу фыдзæрдæ. . .
. . . Артау сыгъд йæ сæр.
. . . Банызта кæмдæр.
. . . Дзурын ма зынтæй фæразы
Бухъхъытæ кæнгæ. "
Лæскъдзæрæг - куыстуарзаг, зынтæн фæразон -
. . . уромы йæ маст.
Уый у зондджын, дзырдарæхст, лæджыхъæд æмæ æхсарæй хайджын. Кæд æмæ дзы уæйыг тыхджындæр у, уæддæр дзы нæ тæрсы, нæ йын бары йæ галиудзинæдтæ æмæ йын æргомæй зæгъы: "ахицæн мæ кæ", "кæд мæнгæй зæгъын,- мæ цуры цавддур фест ды дæр"
Фыййау уæйыджы алы дзырдæн дæр ахæм растдзæф æмæ арфхъуыдыджын дзуæппытæ ссары, æмæ уæйыджы бон ницыуал вæййы сдзурын йæ ныхмæ. Фæсномыг, хъазгæмхъасæнтæй йын æмбарын кæны йæ уæлæнгай зонд, йæ къуымыхдзинад:
"Авд сæры уæйыгыл зайы,
Зондæй та - къæдзæх".
Фыййау ма æвдыст цæуы рæдау адæймагæй дæр:
"Абон дзы мæнæн дæр радта иу нард кусæрттаг. "
7. Цавæр цæстæнгас дары фыссæг йæхæдæг та ацы персонажмæ?
Зын раиртасæн нæу, фыссæг куыстуарзаг мæгуыр фыййауы фарс кæй у, хъыг кæны йæ уавæртыл.
"Нал уыд мæгуыр лæг йæ сæрæн,
Удхарæй йæм мард. "
"Махон дзы йæ сæфт ссардта,
Байсысти йæ туг!"
Цин кæны йæ алы æнтыстыл дæр.
"Фервæзт лæг, йæ фос æртардта. "
"Ис æм ныр йæ фаг. "
Ацы дзырдтæй æвдыст цæуы йæ уарзæгой цæстæнгас авторæн.
IV.

Страницы: <<  <  1 | 2 | 3 | 4 | 5  >  >>
Рейтинг
Оцени!
Поделись конспектом: