Ирон адæмон сфæлдыстады мотивтæ

Страницы: <<  <  3 | 4 | 5 | 6  >  >>

ивадон мадзал хуыйны гиперболæ.
Скъоладзаутæ кæсынц рольтæм гæсгæ æмæ агурынц гиперболæтæ æмæ барæнтæ.
Дзырдтæ "кæфой" æмæ "хоры къуту" сты гиперболæтæ. Ацы дзырдты руаджы сбæрæг ис уæйыджы сурæт.
2) "Артау сыгъд йæ сæр".
Дзырд артау у барæн. Ома Къоста бары уæйыджы мидуавæр арты сыгъдимæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы аивадон мадзал хъæуы цæмæй архайд бæлвырддæр ауайа чиныгкæсæджы цæстытыл.
Адæмон сфæлдыстады, кæнæ аивадон литературæйы иу предмет æндæр предметимæ, кæнæ архайд æндæр архайдимæ цы аивадон мадзалы фæрцы абарынц, уый хуыйны барæн - абарст.

VIII. Урочы кæронбæттæны скæнын хатдзæгтæ.
IX. Цымæ цæмæн схуыдта Къоста йæ уацмыс аргъау?
Дзуæппытæ.
1) Уацмысы райдайæн æмæ кæрон нын нæ зæрдыл æрлæууын кæнынц адæмон аргъæутты традицион райдайæн æмæ кæрон.
2) Уымæн æмæ дзы ис ирон адæмон аргъæутты арæх чи æмбæлы, ахæм персонаж - уæйыг.
3) Адæмон аргъауы хуызæн "Лæскъдзæрæн"-ы æмбæлы царды æцæг чи нæ вæййы, ахæм цаутæ, аргъæутты дзырдтæ, дзырдбæстытæ æмæ а. д.
4) Аргъæуттæ вæййынц хъæздыг адæмон сфæлдыстады аив мадзæлттæй - æмбисæндтæ, уыци-уыцитæй.

Æмбисæндтæ:
Фынг æртæкъахыг - уазæгæн йæ фæллад сафы, зианджынæн - йæ хъыг.
Дзырд кæддæриддæр дзырд сайы
Уыци-уыци:
Цыппар фырты афæдзæн йæ куыст æрвитынц, -
Базон-ма сæ ды.

X.
Æмбисæндтæй спайда кæнгæйæ скæнын хатдзæгтæ:
1. Уæйыджы ахаст мæгуыр лæгмæ?
Æмбисонд "Донмæ йæ тæры, æмæ йæ æнæ донæй здахы".
2. Уæйыг йæхицæн цы бакуыста? Цавæр æмбисонд уæ зæрдыл æрбалæууы?
"Мыст къахта æмæ йæхицæн - гæдыйы сæр".
"Дæ хъару æмæ дæ тыхы фæдыл ма цу".

Аргъауы кæрон та куыд зæгъдзыстæм æмбисæндтæй.

Страницы: <<  <  3 | 4 | 5 | 6  >  >>
Рейтинг
Оцени!
Поделись конспектом: