Темæ: Ирон адæмон сфæлдыстады мотивтæ.
Хетæгкаты Къостайы аргъау "Лæскъдзæрæн"-ы.
Нысан.
1. Зæрдыл æрлæууын кæнын адæмон сфæлдыстады хуызтæ, сбæрæг кæнын литературон аргъауы хицæндзинад адæмон аргъауæй.
2. Сывæллæтты ахуыр кæнын сæ хъуыдытæ раст дзурын, хатдзæгтæ кæнын, аргъауы персонажтæн характеристикæ дæттын.
3. Скъоладзауты зæрдæты гуырын кæнын хæлардзинад, лæгдзинад, хъæбатырдзинады æнкъарæнтæ; рæзын сæм кæнын аргъæуттæ кæсынмæ тырнындзинад, нывкæнынадмæ сæ разæнгард кæнын.
Урочы æрмæг. Зындгонд ирон нывгæнæг Хохты Аслæнбеджы иллюстрацитæ, сывæллæтты конд нывтæ, рагон ирон музыкæ.
Эпиграф. "Цæй диссаг сты ацы аргъæуттæ, цæй!" - А. С. Пушкин
Урочы цыд.
:: Хъуысы рагон ирон музыкæ. Скъоладзау дзуры Гæдиаты Секъайы аргъау "Куырттатаг гæды лæг". Скъоладзаутимæ йæ æвзарынц фæрстытæм гæсгæ.
1. Цавæр уацмыс у йæ жанрмæ гæсгæ? - Аргъау
2. Кæй тыххæй у? - Фыййауы
3. Цавæр æвзæр миниуæг æм ис? - Сайаг у.
- Сайын хорз нæу. Адæймагыл ничиуал феууæнды. Æмбал ссарын дæр ын йæ царды зын вæййы.
:: Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм адæмон æмæ литературон аргъæутты хицæндзинæдтæ. Мæ фæрстытæн мын дзуæппытæ раттут:
1. Цавæр аргъæуттæ зонут? (Адæмон æмæ литературон. )
2. Цæмæй хицæн кæнæм адæмон аргъау литературон аргъауæй? (Литературон аргъауæн бæлвырд вæййы йæ автор.
Дæнцæгтæ: адæмон аргъæуттæ - "Сарты фырт", "Фаззæттæ",
Къоста "Лæскъдзæрæн").
3. Уырыссаг æвзагæй та цæвæр литературон аргъæуттæ зонут? (А. С. Пушкин "Сказка о рыбаке и рыбке", Г-Х. Андерсен "Снежная королева", Ш. Перро "Золушка")
Уæдæ Къостайы "Лæскъдзæрæн" дæр рауадис ахæм диссаджы уацмыс, дунейы хуыздæр поэтикон уа
Страницы: 1 | 2 | 3 > >>