дзæн адæмон поэты нысан. Грисæн адæмон поэты ном куы нæ радтой, уæддæр сси адæмон, уымæн æмæ йæ зыдтой йæ уацмыстæм гæсгæ".
Гæбæраты Юрий, Хуссар Ирыстоны газет "Хурзæрин"-ы сæйраг редактор: "Грис драматург куы нæ уыдаид, поэт куы нæ уыдаид, уæддæр Шекспиры уацмыстæ иронау кæй сдзурын кодта, æмæ махмæ афтæ кæсы, цыма Шекспиры уацмыстæ иронау кæй сдзурын кодта, æмæ махмæ афтæ кæсы, цыма Шекспир Ирыстоны схъомыл, уый дæр фаг у. Грисы мах стыр лæгыл нымайæм. Йæ поэзийы тыххæй та мæ зæгъын фæнды, афтид "Авд цухъхъайы" куы ныффыстаид, уæддæр махæн стыр лæг уыдаид".
I.
Абон та нæ ныхас уыдзæнис балладæ "Авд цухъхъа"-йыл. Балладæ "Авд цухъхъайы" у ирон поэзийы хæзнатæй. Поэт ссардта ахъаззаг формæ Фыдыбæстæйы сæраппонд сæ цард цы авд æфсымæры радтой, уыдоны сгуыхтытæ равдисынæн.
Фарст: Цы у балладæ?
Балладæ - сюжет кæм ис, ахæм лирикон уацмыс. Æвдисы таурæгъон кæнæ историон цаутæ, кады сгуыхтытæ, йæ хъайтартæн вæййы æнахуыр диссаджы хъысмæттæ.
Хъайтарон зарæджы традицитæй пайда кæны фыссæг. Адæмон зарæджы арæх вæййы афтæ: цæф кæнæ мард бæгъатыр фæдзуры йæ мадимæ - уый у ахъаззаг поэтикон фæрæз, уымæй фылдæр кæны зарæджы эмоцион тых.
Грисы балладæйы архайд фæвазыгджындæр ис: мад удæгасау ныхас кæны йæ мард фырттимæ:
"Æмæ ныр цыма йæ йуры
Йегас авд фырты уыны,
Уыйау цухъхъатимæ дзуры,
Сабыр бустæ сын кæны". (фарс 349)
"Уæ, мæ рогбазыр цæргæстæ,
Æз уæ ныййарæг куы дæн -
Иунæг уæ йæ хабар хæстæй
Уæд куыд нæ зæгъы мæнæн?. .
Кæд къуырийæн дæр йæ бонтæ
Мах фыдæнæн фесты авд?
Авд хъæбулы мын хæстонтæй
Бонгай хæст куы фæци давд!. . ". (фарс 350)
Сфæлдыстадон хъомыс дзаумæтты скæны удджын, цухъхъатæ свæййынц сæ хицæутт
Страницы: << < 1 | 2 | 3 | 4 | 5 > >>