ъуыпрагъыл
Рацыд танчыты зæй махыл;
Загътон: ме знæгтæй мæ маст
Ацы тохы хъуамæ райсон!
Фарсыл авд гранаты рбастон
Æмæ карз фыдгултæн раст
Фатау смидæг дæн сæ гуылфы,
Фехæлдтæн æмæ сæ хуылфы
Сау рыг фестадтæн æваст".
Дзæрæхмæт
Дыккаг - Мæскуыйы раз (фарс 352)
"Хæст Мæскуыйы цур куы ссыгъди, -
Тас Фыдыбæстæн æрцыд,
Уым лæджы мæлæт куы хъуыд:
Бабырстон фыдгултæм тыгъды,
Фехстон развæлгъау гранат
Æмæ суагътон автомат. . . "
Хадзысмел
Æртыккаг - æнæбæрæг ран (фарс 353)
"Хæсты фондз сырды ныццагътон,
Стæй мæ хъуыры туг фæбадт. . . "
Уацмысы сæйраг идейæ дæр ирдæй зыны æртыккаг хъæбулы, Хадзысмелы, ныхæстæ:
"Лæг йæ зонд æмæ йæ къухтæй
Цард рæсугъд кæнынæн у,
Цардæн тас куы уа, рæсугъдæй
Хъуамæ радта уæд йæ уд. . . "
Махар
Цыппæрæм - немыцаг инæлар Клейсты æфсад Кавказмæ куы бырста, уæд гъе уым:
(фарс 354)
"Клейсты фсад бырста Кавказмæ,
Æз Хъобаны был йæ размæ
Ме фсæддонтимæ лæууын. . . "
Фаззæттæ - Шамил æмæ Созыр - басыгъдысты танчы. (фарс 356)
". . . знаджы
Бомбæ сæмбæлд, æмæ танчы
Иумæ басыгъдыстæм мах. . . "
Хасан
Кæстæр фырт - Берлины раз. (фарс 357)
"Хæст Берлины цыд кæронмæ,
Сыгъд цъæх пиллонæй рейхстаг,
Акалдта йæ гæрзтæ знаг,
Уæд америкæгты бомбæ
Не хсæн фехæлди. . . "
Кæстæр лæппу се ппæты номæй дзуры:
"Æмæ кадимæ нæ фæстæ
Зарæг анæрдзæни дард, -
Мах хæларæй радтам бæстæн
Авд æфсымæрæй нæ цард!"
Уацмысы фæстаг аккордтæ мад æмæ цоты трагедийыл бафтауынц æндæр авд трагедийы! (фарс 358 - кæрон)
"Æмæ зæронд мадмæ къулæй
Джихæй цухъхъатæ кæсынц. . .
Страницы: << < 3 | 4 | 5 | 6 | 7 > >>