ыдырмæ куы рацыдысты.
Царды цинæй чи нæ бафсæст, уыцы æрыгон лæппутæ сæ къухтæм райстой хæцæнгæрзтæ æмæ сæ риуæмбæрц æрлæууыдысты Райгуырæн зæхх фашистон лæгмартæй бахъахъхъæнынмæ.
Уыцы лæгæвзарæн тохæй ирон адæмы 84 мин хъæбулæй нал раздæхтысты 43 минæй фылдæр хæсты быдырæй.
Хъæбатырæй Фыдыбæстæйы сæрвæлтау тохы фæмардысты Гæздæнты авд æфсымæры, Хестанты æхсæз æфсымæры, Хъалæгаты фондз æфсымæры. Фæндзгай фырттæ нал сыздæхтысты 15 ирон хæдзармæ, цыппæргай фырттæ - 52 ирон бинонтæм.
I. Байхъусын Гæздæнты авд æфсымæры зарæгмæ.
Иры зæххыл арф носæй баззад Гæздæнты авд æфсымæры мæлæт.
(Презентаци).
Хæсты цæхæры архайдтой нæ фысджытæ дæр:
Плиты Г.
Калоты Х.
Кочысаты М.
Скъоладзауы проектон куыстмæ байхъусын.
Грисы сфæлдыстады хæстон тематикæ уæлдай зæрдæмæхъаргæ у. Йе мдзæвгæты æмбыргонд "Атакæ" у поэтæн йæ стыр курдиат æвдисæг.
Адæмæн уарзон поэт, тæлмацгæнæг æмæ драматург йæ уацмыстæй фæндаг ссардта аивадуарзджыты зæрдæтæм. Ирыстоны зындгонд хъæбулæн аргъ кæнгæйæ, Грисы ном хæссынц Октябырыхъæуы культурæйы галуан æмæ библиотекæ. Йæ номыл мемориалон фæйнæг фæзынд Дзæуджыхъæуы, кæм цард, уыцы хæдзарыл.
Мемориалон фæйнæджы автор у скульптор Дзбойты Михал. Йæхæдæг хæсты архайæг, хæсты быдыры уыд Уæлахизы бонмæ æмæ хорз зыдта хæстонты зындзинæдтæ, сæ хъизæмæрттæ, сæ тырнындзинад уæлахизмæ. Аивадон æвзагæй семæ зонгæ кодта чиныгкæсджыты.
Плиты Грисы номыл хицауадон стипенди фидаргонд æрцыд. Лæвæрд цæуы, ирон æвзаг æмæ литературæйы стыр æнтыстдзинæдтæ кæй къухы бафты, уыцы студенттæн. Дзæуджыхъæуы уынгтæй дæр иу хæссы адæмон поэты ном.
Касаты Батрадз, поэт: "Плиты Грис ирон адæмæн бакодта стыр лæггад. Йæ уацмыстæ дзыхæй-дзыхмæ куы цæуой, æрвылбон сæ скъолаты куы ахуыр кæной, уæд уый уы
Страницы: << < 1 | 2 | 3 | 4 > >>