Йæ ном цæрдзæн æнустæм

Страницы: 1 | 2 | 3  >  >>


Урочы темæ: Йæ ном цæрдзæн æнустæм!
(Баситы Михалы радзырд "Инæлар Плиты Иссæ"-мæ гæсгæ. ).

Урочы нысан: 1. Базонгæ кæнын скъоладзауты фыссæджы цард æмæ
сфæлдыстадимæ. Сфæлхат кæнын рацыд æрмæг.
2. Плиты Иссæйы цард æмæ хæстон сгуыхтдзинæдтыл
æрдзурын.
3. Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад гуырын кæнын рæзгæ
фæлтæры зæрдæты.
Урочы сфæлыст: 1. Баситы Михалы къам.
2. Плиты Иссæйы тыххæй æрмæг.
3. Презентацион æрмæг
Урокмæ эпигрæф: "Ироны ном цытимæ дзурынц æппæт фронты дæр,
уымæн æмæ ирæттæ сæхи равдыстой хъæбатыр æмæ
намысджын хæстонтæй".
Пётр Павленко
.
Урочы цыд.
1. Ахуыргæнæджы разныхас.
Уæ бон хорз, сывæллæттæ! Уалдзæг та ралæууыд, æмæ уалдзæг у цинæвдисæг, амондхæссæг. Уалдзæджы æппæт Уæрæсейы адæм бæрæг кæндзысты Уæлæхизы бон. Бакæсæм видео-равдыстмæ.
1. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы кинонывы федтат, кæуыл дзы цæуы дзырд, уый.
Дзуапп. . .
2. Сывæллæттæ, уæдæ ма зæгъут, се хсæн цы бастдзинадис? Иссæ æмæ Уæлахизы бон.
Дзуапп. . .
3. Æмæ ма зæгъут, цæмæн райдыдтон нæ урок ацы видео-равдыстæй?
Дзуапп. . .
4. Æвæдза, цæй диссаджы лæгдзинад
равдыста Исса хæсты рæстæджы. Ирыстоны кад бæрзонд чи систа,



йæ ном канд Ирыстоны нæ, фæлæ ма кæй базыдтой суанг фæсарæнты дæр йæ хъæбатырдзинады тыххæй. Мах базонгæ уыдзыстæм Плиты Иссæйы цард æмæ хæсты быдыры цы лæгдзинад равдыста, йæхицæн æмæ Ирыстонæн кад чи скодта, æмæ ирон адæм æнустæм кæй ном нæ ферох кæндзысты.

Абон нæ урочы равзарам Баситы Михалы радзырд
"Инæлар Плиты Иссæ".
Афæлгæсæм ма фыссæджы цардыл.
Баситы Михал райгуырд 1920 азы Алагиры, Цæгат Ирыстоны. Скъолайы фæстæ каст фæцис Ростовы униве

Страницы: 1 | 2 | 3  >  >>
Рейтинг
Оцени!
Поделись конспектом: