Плиты Грис. Балладæ «Авд цухъхъайы» - ныййарæг мад æмæ адæмы хъысмæт хæсты

Страницы: 1 | 2 | 3  >  >>

Урок 8 къласы

Темæ "Плиты Грис. Балладæ "Авд цухъхъайы" - ныййарæг мад æмæ адæмы хъысмæт хæсты".



Ахуыргӕнӕг Дзобелаты В. Дз.











Темæ "Плиты Грис. Балладæ "Авд цухъхъайы" - ныййарæг мад æмæ адæмы хъысмæт хæсты".

Нысан. 1) Поэты сфæлдыстадмæ цымыдисдзинад гуырын кæнын.
2) Уацмысы сæйраг идейæ бамбарын кæнын.
Хъомыладон хæс.
Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад, национ æмбарындзинад, сæвзæрын кæнын.
Ахуырдзауты ахуыр кæнын аив кæсын æмæ дзурын мадæлон æвзагыл.
Нæ адæмон сфæлдыстадæн, нæ аивадæн, нæ фыдæлты хæзнатæн - стыр аргъ кæнын.
Урочы æрмæг.
Презентаци.
Музыкæ Р. Гамзатовы зарæг "Журавли", Гæздæнты авд æфсымæры зарæг.

Урочы эпиграф.

"Зæххыл цы стырдæр хæст æрцыд, гъе
уым ирон туг дæр ныккалд. " (Плиты Грис)

Ахуыргæнæг. 1941 аз 22 июнь. Бонырдæм. Тарф фынæй кæнынц куыствæллад адæм. Æнæмæт сты разæй сæм æнхъæлмæ кæсы улæфты бон, хуыцаубон. Æвиппайды фынæй æрдзыл азæлыд хæдтæхджыты уæззау уынæргъын. Ныгууыр - гуыр кодтой мотортæ, ныхситт кодтой бомбæтæ, ныннæрыдысты мæлæтхæссæг æвирхъау срæмыгъдтытæ. Баиу сты хæцæнгæрзты ниуын, тарст сывæллæтты кæуын æмæ зæрдæрыст мадæлты цъæхахст. Афтæ райдыдта, зæххыл цы стырдæр хæст æрцыд, уый фыццаг райсом - Фыдыбæстæйы Стыр хæсты райсом.
Бакæсæм ма нæ урочы эпиграф: "Зæххыл цы стырдæр хæст æрцыд, гъе уым ирон туг дæр ныккалд".
Ирон адæм дæр уыцы тохы æгаддзинад сæ сæрмæ не рхастой, знаджы ныхмæ тох кодтой сæ фæстаг туджы æртахы онг.
Хъæбатырдзинады, лæгдзинады бонтæ уыдысты уыдон. Сывæллон йемгъуыдæй раздæр лæгты æмрæнхъ куы лæууыд, зæрæдтæ æнцой куынæуал зыдтой, нæ чызджытæ хæсто

Страницы: 1 | 2 | 3  >  >>
Рейтинг
Оцени!
Поделись конспектом: