Нæ уыд кæстæрæн хистæры цур бадæн…

Страницы: <<  <  1 | 2

ынц. )
Хъазт: "Æрымбырд мæ кæн. " (Интерактивон фæйнæгыл. )
Зонд кæстæр, хистæр не взары.
Æмвæнд адæмæн хох дæр нæ лæууы.
Галиудзинадмæ мин фæндаджы ис,рæстдзинадмæ - иу.
Сылгоймаджы амонд - æфсарм æмæ хæрзæгъдау.
Кафт: "Танец с кинжалами. "
Равдыст: "Гæлæбу чызг. "
- Скæнут уæхицæн хаццæгтæ.
Хистæрæн йæ фындз амæрз æмæ йæ зондæй бафæрс.
- Ирон адæммæ хистæр кадджын у, стæй канд кадджын нæ , фæлæ зондамонæг дæр. Афтæ фæзæгъынц: хистæр кæмæн нæй, уый æнамонд у, кæстæр кæмæн нæй , æлгъыст.
-- Зындгонд поэт, прозаик æмæ драматург Малиты Васо нын фыстæг ныффыста журнал "Ногдзауы. " æмæ уын цы зæгъинаг у кæстæртæ уымæ ма байхъусут.
1. Адæймаг хъуамæ уа удæй сыгъдæг. Ам айдагъ хъомыладыл нæ хицæн кæны хъуыддаг- дæ туджы куы нæ уа уды сыгъдæгдзинад, уæд зынтæй бафтдзæн уый къухы.
2. Искæуыл ма худ - худаджы хал хауаг у . Кæд ын дæ бон истæмæй баххуыс кæнын у, уæд ын æнæмæнг баххуыс кæн.
3. Исчи куы фæрæдийа ,уæд æм æвиппайды знаджы цæстæй ма ракæс, бацархай уый бамбарыныл , феххуыс ын кæн дæ хæлар зæрдæйæ.
4. Удæй тыхджын адæймаг бараг у, дæ зæрдæйæ сур æнæуынондзинад æмæ маст исыны фæнд.
5. Рæстдзинад зæгъынæй макуы фæтæрс- куыддæр рæстдзинадыл гадзрахатæй рацæуай , афтæ адæймаг нал дæ.
6. Ис ахæм дыгурон æмбисонд " Тог æмæ стæгæй хæстæг нæййес, ес уодæй хæстæг". Ацы æмбисонд адæм фæлтæрæй фæлтæрмæ цырагъау лæвæрдтой кæрæдзимæ. Ахъуыды йыл кæнут . Дæхион у , зæгъгæ , уыйадыл нæ хъæуы искæй сæрыл дзурын, кæд раст нæу , уæд.
7. Мæ фæстаг ныхас та у Чырыстийы фæдзæхст: "Дæхицæн дæ цæст цы нæ уарзы , уый иннæмæн дæр ма уарзæд".
Хæдзармæ куыст: æмдзæвгæ зæрдывæрдæй сахуыр кæнын.
Ирон уæздан кафт.





Страницы: <<  <  1 | 2
Рейтинг
Оцени!
Поделись конспектом: