Нæ уыд кæстæрæн хистæры цур бадæн…

Страницы: 1 | 2  >  >>

Темæ: "Нæ уыд кæстæрæн хистæры цур бадæн. . . "
Урочы нысан:
1. Базонгæ кæнын скъоладзауты Мыртазты Барисы æмдзæвгæимæ "Нæ уыд кæстæрæн хистæры цур бæдæн. . "
2. Ахуыр кæнын сывæллæтты адæймаджы хуыздæр миниуджытимæ.
3. Бакусын дзургæныхасы рæзтыл.
Урочы цыд.
1. Ирон гимн.
2. Цы нын ныууагътой дард фыдæлтæ хорзæй:
Уæздандзинад,рæсугъд æгъдæутты хъарм.
Ирон адæм! Бæрзонд сæ сисæм ногæй,
Цæмæй та рцæра Иры зæххыл Фарн!
(Биджелты Симæ. )
Ирон адæм, куы равзæрдысты, уæдæй абонмæ цæрынц æмæ ирвæзынц сæ хорз æгъдауыæ , æфсармы æмæ лæгдзинады руаджы, Хуыцауы фæрцы. Адæмыхатт иннæ адæмы æхсæн зыны æмæ æрттивы , цыкурайы фæрдыджы хуызæн, æрмæстдæр йæ культурæйы руаджы. Культурæйы сæйраг хай та сты адæмы æгъдау æмæ æфсарм, æнусты дæргъы кæй бахъахъхъæдтой, уыцы удварны хæзнатæ.
--Абон нæ урочы темæ у æгъдау, æфсарм, хистæр æмæ кæстæр. Адæймаг æгъдау базоны, фыццаджыдæр хæдзары, йæ бинонты æхсæн. Бинонтæ кæрæдзийы куы уарзой, уæд сæ Хуыцау дæр уарзы, уæд сæ бæркад дæр бирæ у. Цалынмæ бинонтæ æнгом цард кæной , уæдмæ сæ хæдзар лæууы Хох-мæсыгау фидарæй.
--Ныртæккæ нын Гæцъойты Геор бакæсдзæн Хъайтыхты Азæмæты æмдзæвгæ "Æфсарм. "
--Цы нын зæгъы поэт махæн?
-- Фæстаг куплетмæ ма лæмбынæг байхъусут.
Зæрондæн лæдзæг дæн,
Сывæллонæн - бæх.
Æгъдауыл мæлæтæн
Йæ фæндаг уæрæх.
-- Бирæ поэттæ, фысджытæ , нывгæнджыæтæ ныффыстой æгъдауы , æфсармы, хистæр æмæ кæстæры тыххæй. Нæ ирон адæмон сфæлдыстады дæр ис бирæ æвдисæнтæ, нæ фыдæлтæ куд уæздан уыдысты уый.
Æмбисæндтæ æцæг сты
Фыдæлты ныхæстæ раст сты.
-- Хæдзармæ уын уыд хæслæвæрд. Ссарын æмбисæндтæ æгъдауы, æфсармы тыххæй, скæнын нывтæ. (сывæллæттæ дзурынц æмбисæндтæ, æвдисынц сæ нывтæ æмæ цæ æмбарын кæн

Страницы: 1 | 2  >  >>
Рейтинг
Оцени!
Поделись конспектом: