Тема. Мивдисæджы бæрцбарæнтæ.
Урочы нысантæ:
1. Ахуырдзауты хæстæгдæр базонгæ кæнын афæдзы афонты миниуджытимæ.
Сбæрæг кæнын цавæр хицæндзинæдтæ ис афæдзы афонты æхсæн.
Диалогон ныхасы рæзтыл бакусын
2. Æрдзæн аргъ кæнын , хъахъхъæнын æй цæстыгагуыйау.
3. Бакусын мивдисæджы бæрцбарæнтыл. Фæцалх кæнын раст грамматикон формæтæ аразын.
Урочы хуыз: Урок-экскурси.
Урочы фæлгонц: компьютер, дидактикон æрмæг, иллюстрацитæ, нывтæ.
Урочы цыд:
Ι. Бацæттæгæнæн рæстæг.
Æрдзурын урочы нысантыл.
ΙΙ. Ног æрмæгыл куыст.
Ахуыргæнæг: (презентаци æвдисын) Сабитæ абон нæ урокмæ постхæссæг тынг тагъд кодта æмæ нын æрбахаста фыстæг. Цымæ кæмæй у æмæ дзы цы ис? Уынут, фыстæджы ис цыппар нывы æмæ уыци -уыци. Байхъусут ма йæм æмæ базонут кæмæй у фыстæг.
Уыци- уыци
Дада цыппар фæндаджы астæу бады.
Иу фæндаг сау у, иннæ - урс,
Æртыккаг- цъæх, цыппæрæм- бур.
(Фыстæг у афæдзæй æмæ нын æрбарвыста йæ цыппар фырты нывтæ ).
Ахуыргæнæг: Уæдæ афæдзы фыртты нæмттæ куыд хуыйнынц?
(Афæдзы фыртты нæмттæ хуыйнынц Зымæг, Уалдзæг, Сæрд æмæ Фæззæг).
Ахуыргæнæг: Уæдæ абон нæ урочы цæуыл дзурдзыстæм сымахмæ гæсгæ? (Абон нæ урочы дзурдзыстæм афæдзы афонтыл).
Ахуыргæнæг: Куыд загътат афтæмæй афæдзы афонтæ сты цыппар æфсымæры, æмæ сты алыхуызон, сæ удыхъæдæй дæр æмæ æддаг бакастæй дæр. Æмæ сæ цæмæй хуыздæр базонæм, уый тыххæй ацæудзыстæм уыдонмæ уазæгуаты.
Ребята, времена года отличаются друг от друга. И чтобы лучше узнать их мы отправимся сегодня с вами в необычное путешествие. Поговорим о явлениях природы. Будем слушать музыку великого русского композитора Петра Ильича Чайковского, читать стихи известных осетинских поэтов.
Ныртæккæ сбаддзыстæм поезды æмæ араст уыдзыстæм.
(Ахуырдзаутæн æвдыст цæуы
Страницы: 1 | 2 | 3 > >>