Темæ: Æмбæлтты хæлардзинад Коцойты Арсены радзырды
"Æмбæлттæ".
Урочы нысан:
1. Адæймаджы аиппытæ иртасыныл ахуыр кæнын сывæллæтты, цæмæй ма фæцудой сæ царды.
2. Ахуыр кæнын скъоладзауты цы сты æцæг æмæ мæнг хæлардзинад, гуырын сæм кæнын, сæ миддуне сын рæсугъддæр чи кæны, ахæм æнкъарæнтæ, æмгардзинадæн аргъ кæнын.
3. Ныхасы рæзтыл кусын.
Урочы фæлгонц: 1. Коцойты Арсены уацмысты чиныг.
2. Н. А. Некрасовы æмдзæвгæ "Вор".
3. К. Арсены карикатурæтæ æмæ иллюстрацитæ
уацмыстæм.
4. Компьютерыл презентаци.
I. Бакæсын таурæгъ - æмбисонд æмбæлтты тыххæй. (Урочы интригæ)
Æрдзурын йæ сæйраг хъуыдыйыл.
II. Хæдзармæ куыстæн уын лæвæрд уыдис:
1. Бакæсын радзырд "Æмбæлттæ"
2. Ныффыссын æмбисæндтæ æцæг æмæ мæнг хæлардзинады тыххæй.
Ахуыргæнæджы разныхас:
Коцойты Арсен у ирон литературæйы ахъаззагдæр цæджындзтæй иу, ирон аив прозæйы зæрингуырд. Арсен аивадон арæхстдзинадыл ахуыр кодта зындгонд уырыссаг классик А. П. Чеховыл. Уый лæууы радзырды дæсны А. Куприн, сатирикон радзырды дæсны Салтыков - Щедрин æмæ ма иннæ классикты æмрæнхъ.
Абон урочы нæ ныхас уыдзæн радзырдыл "Æмбæлттæ". Уацмысы идейон ахадындзинадыл дзургæйæ, хъуамæ сбæлвырд кæнæм, цы сты æцæг æмæ мæнг хæлардзинад. Æрдзурдзыстæм, хорз хæлар уæвынæн адæймаг хъуамæ, фыццаджыдæр, йæхæдæг уа æххæст удыхъæды рæсугъд миниуджытæй: рæстуд, сæрыстыр, сыгъдæгзæрдæ. Рæстуд уæвынæн та хъуамæ алы адæймаг дæр хайджын уа удыхъæды рæсугъд миниуджытæй.
Арсен уыдис курдиатджын карикатурист. Радзурын цыбырæй Арсены карикатурæты тыххæй.
III. Иу скъоладзау дзуры, цы карикатурæ бацæттæ кодта, уый тыххæй.
(Проектон куыст).
Арсен уыдис курдиатджын карикатурист. Йæ карикатурæты темæтæ сты
Страницы: 1 | 2 | 3 > >>