/>Авд хæдзары та лæууынц
Авд ирон чызджы сæркъулæй. . . "
Амонды аккаг чи уыд æмæ йæ амонд хæсты азарæй кæмæн басыгъд, уыцы чызджыты хъысмæт у уæззау трагеди канд сæхицæн нæ, фæлæ æнæхъæн Ирыстонæн дæр. Уыдон баззадысты куырдуаты, нæ систы царддæттæг æмæ нæ базыдтой хъæбулы ад.
Уымæй уæлдай, сæркъулæй кæй лæууынц, уым ис ирон æгъдау, чызгон æфсарм.
Афтæмæй Грисы поэмæ чиныгкæсæджы æфтауы бирæ хъуыдытыл. . .
Æнæмæнг зæгъын хъæуы Дзæуджыхъæуæй Алагирмæ фæндаджы был цы егъау цыртдзæвæн ис Гæздæнты зынгхуыст авд æфсымæрæн, уый тыххæй. Скульптор спайда кодта Расул Гамзатовы æмдзæвгæ "Журавли"-йы /"Хърихъуппытæ"/ сæйраг идейæйæ цыртдзæвæн аразгæйæ.
II.
Нæ фыдæлты æмбисæндтæ дæр æнæ равзаргæ нæй. Цавæр æмбисæндтæ зонут сымах?
Хæстон лæг адзалæй нæ тæрсы.
Лæгдзинад дзыхы ныхæстæй нæу.
Хæсты боны сгуыхтæн йæ кад мыггагмæ цæры.
/Спайда уын уыдзысты сочинени фысгæйæ. /
Бирæ хъизæмæрттæ федта мад хæсты рæстæг. Уымæй зындæр никæмæн у зæххыл мæрдтæ æмæ тугтæ уынын, уæлдайдæр та цоты мæлæт, уымæн æмæ царддæттаг у. Рагæй-æрæгмæ мадæлты фæндон у, - Макуыуал уæд хæст!
Фæрстытæ:
1. Цæмæн схуыдта поэт йæ уацмыс "Авд цухъхъайы"?
2. Цавæр аивадон мадзæлттæй спайда кодта поэт?
(Эпитеттæй- сау рыг,уынгæг бон,фыдбоны балц)
(олицетворенитæй-бонгай хæст куы фæци давд, джихæй цухъхъатæ кæсынц)
3. Цы фендзæн барæг, Куырттаты комы дуарыл йæ бæхæй куы рахиза, уæд?
4. Цы уавæры ис мад? (Балладæйæ пайда кæнын) -
"Уым цæринаг авд хъæбулæй
Баззад афтидæй сæ мад. . . "
5. Раиртасут балладæйы сæйраг идейæ - Хадзысмелы ныхæстæ:
"Лæг йæ зонд æмæ йæ къухтæй
Цард рæсугъд кæнынæн у,
Цардæн тас куы уа, рæсугъдæй
Хъуамæ р
Страницы: << < 4 | 5 | 6 | 7 > >>