Батрадз нарты гуыппырсарты куыд фервæзын кодта

Страницы: 1 | 2 | 3  >  >>

Урочы темæ: "Батрадз нарты гуыппырсарты куыд фервæзын кодта".

Эпиграф.
Уарзут райгуырæн Батрадзау,
Арæхстæй куыд уат Ацæмæз,
Намыс, хъомысæй - Уырызмæг,
Ут хъæбатыр сымах Сосланау.
Гæлуаты Аким.

Урочы нысан:
1. Таурæгъы мидис бамбарын кæнын.
2. Скъоладзауты æххæст дзуаппытыл фæлтæрын.
3. Скъоладзаутæм æвзæрын кæнын ахæм æнкъарæнтæ, цæмæй уарзой сæ райгуырæн бæстæ, сæрыстыр уой сæ фыдæлты кад æмæ зондæй.
Урочы фæлгонц: Нывтæ, дисктæ, презентаци.

Урочы цыд.
1. Хæдзармæ куыстæй бафæрсын.
- Цы у адæмон сфæлдыстад?
- Кæимæ базонгæ стæм нæртон хъайтартæй?
- Фылдæр кæцы хъайтар фæцыди уæ зæрдæмæ?
(Слайдтæ равдисын).
(Фæйнæгыл лæвæрд нæмтты бынмæ ныффыссын, нæртон хъайтарты сæйраг миниуджытæ).
Уырызмæг Сослан Сырдон
зондджын тыхджын хин
æгъдауджын хъаруджын кæлæн
номдзыд сæрæн æвзыгъд
намысджын хъæбатыр зонджын
куырыхон домбай æрхъуыдыджын
цытджын нæрæмон цыргъзонд
æхсарджын ныфсхаст амалджын
2. Ног æрмæг.
Урочы темæ зæгъын. Нарты кадджытæн сæ сæйраг темæ у ахæм, æддагон тыхгæнджыты ныхмæ лæууын, уæлахиз уæвын, цагъардзинад бавзарыны бæсты - мæлæт.
3. Дзырдуатон куыст.
Абайты Васо амоны.
Batraz - Batyr-as - богатырь асский (асты бæгъатыр).
Нартæн сæ гуыппырсартæ - уæйыгарæзт, хъаруджын, зондджын.
Сæ фæндаг сын разæргæвст æркодта - сæ фæндаг сын алыг кодта, цæхгæрмæ йыл ахызти.
Номдзыд хотыхтæ - кадджын хæцæнгæрзтæ.
Æхсæв йæ тар къабæзтæ зæххыл æрытыдта - æрталынг.
Уæйыг - аргъæутты архайæг, асæй стыр, зондæй къуымых.
Æхстбæрц - æхст кæй онг хæццæ кæна, уырдæм.
Болат Батрадз - тынг тыхджын, кард æй нæ кæрды, арт нæ судзы, æндон.
Бындзагъд сын ныккодта - иу дæр сæ нал

Страницы: 1 | 2 | 3  >  >>
Рейтинг
Оцени!
Поделись конспектом: