Батрадз нарты гуыппырсарты куыд фервæзын кодта

Страницы: <<  <  1 | 2 | 3  >  >>

баззади.
Уæхст - шампур (равдисын ныв)
Кæфой - совок из прутьев (равдисын ныв)
Хъомысджын - тыхджын
Нарты Батрадз куы амардис, уæд ма йыл Хуыцау дæр скуыдта æмæ йыл æрæппæрста æртæ цæссыджы. Уыдон бынаты фæзынд æртæ кувæндоны: Реком, Таранджелос, Мыкалгабыртæ.
(Равдисын Рекомы ныв. )
- Цымæ чи уыдис уыцы нæртон гуырд, Хуыцау дæр ма кæуыл скуыдта?
4. Байхъусын таурæгъмæ.
Байхъусут-ма таурæгъмæ дискыл æмæ зæгъут, чи фылдæр фæцыдис уæ зæрдæмæ?
- Цæмæн?
5. Ахуыргæнæджы раныхас.
Батрадзы тыххæй презентаци.
Нарты Батрадз у домбай хъаруйы хицау, æхсарджын, хъæбатыр, æгъдауджын. Уый тыххæй йын нарт балæвар кодтой æртæ тыны. Батрадз у тынг уарзон адæмæн. Уый тох кæны уæйгуытимæ, иуцæстон уæйыджы фырт Алæфимæ, Хъулонзачъе уæйыгимæ.
Сахъ Батрадз карз тох кæны æлдæртты ныхмæ: уый басаста Хызы фидар.
Болатриу Батрадз бирæ зындзинæдтæ бавзæрста, фæлæ фервæзын кодта йæ фыдæлтæй иуы - Уоны æмæ ракуырдта Акулæйы рæсугъды.
Ныфсхаст Батрадз райста йæ фыды туг, тох кодта нæртон адæмы сæрыл.
6. Таурæгъ бакæсын цæггай.
- Гуыппырсартæ чи сты?
- Кæм-иу уыдысты нарт?
- Ацы хатт кæдæм бахаудтой?
- Цавæр у Хæмыц?
- Уæдæ кæй фервæзын кодта Батрадз?
- Цы ми бакодта Батрадз уæйгуытæн?
7. Æвзаргæ каст.
- Ссарут-ма, саг нарты гуыппырсарты кæдæм басайдта, уыцы бынат æмæ йæ бакæсут.
- Ссарут-ма, Батрадз куыдæй рарвыста Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сосланы, уыцы бынат æмæ йæ бакæсут.
8. Фæйнæгыл фыст æмбисонд бакæсын:
Нарт æмвæнд, æмуынаффæ уыдысты: хистæры дзырдмæ куыд хъуыстой, кæстæры дзырдмæ дæр афтæ хъуыстой.
Куыд æмбарут æмбисонд?
Нæртон адæм кæрæдзи хорз æмбæрстой, æмвæнд, æмзонд уыдысты. кæрæдзийы дзырдæн аргъ кодтой. Кæд æмæ нарты гуыппырсартæ заргæ кодтой, уæддæр с

Страницы: <<  <  1 | 2 | 3  >  >>
Рейтинг
Оцени!
Поделись конспектом: