æ Батрадз бамбæрста, æххуыс сæ кæй хъæуы, уый. Уымæн æмæ иу уыдис сæ хъуыды. Æхсарджын гуырд сын бузныг зæгъыны тыххæй нæ баххуыс кодта, фæлæ йæ адæмы бирæ кæй уарзта, уый тыххæй
9. Рольтæм гæсгæ бакæсут.
- Ссарут-ма, ахæм дзырдтæ: "Уæд Хæмыц дзуры уæйгуытæм" æмæ йæ уымæй фæстæмæ бакæсут рольтæм гæсгæ.
10. Тестытимæ куыст.
- Баххуыс кæнут Батрадзæн Хызы фидары авд дуары байгом кæнынмæ.
Чи фервæзын кодта нарты гуыппырсарты?
1. Сырдон.
2. Ацæмæз.
3. Батрадз.
4. Æхсар.
Цавæр мыггæгтæ уыдис нартæм?
1. Борæтæ.
2. Æхсæртæггатæ.
3. Алыккатæ
Чи уыдис нартæн сæ хистæр?
1. Уырызмæг.
2. Æхсар.
3. Уæрхæг.
4. Хæмыц.
Нывтимæ куыст.
- Фыццаг ныв цавæр таурæгъмæ хауы? (Нарты фæткъуы. )
- Дыккаг ныв та? (Дзерассæ - рæсугъд).
- Æртыккаг ныв та? (Батрадз æмæ сохъыр уæйыджы фырт Алæф).
РАВЗАР РАСТ СÆРГОНД НЫВМÆ ГÆСГÆ.
НАРТЫ ФÆТКЪУЫ.
БАТРАДЗ ÆМÆ УÆЙЫДЖЫ ФЫРТ АЛÆФ.
СЫРДОНЫ РАЙГУЫРД.
ДЗЕРАССÆ-РÆСУГЪД.
БАТРАДЗ ÆМÆ ХУРЫ ЧЫЗГ.
НАРТЫ ФÆТКЪУЫ.
ДЗЕРАССÆ-РÆСУГЪД.
БАТРАДЗ ÆМÆ УÆЙЫДЖЫ ФЫРТ АЛÆФ.
Æнæниз ут. Сымах хъуамæ уат уæ фыдæлтæй хуыздæр, уæ фыдæлтæй зондджындæр, уæ фыдæлтæй амондджындæр. Афтæ амоны цард.
- Абон райсомæй æз арвыстон нарты дыргъдонмæ домбай лæппуты, цæмæй уын æрбахæссой нарты фæткъуы бæласæй фæткъуытæ. Ацы фæткъуытæ уын лæвар кæнæм уый тыххæй, цæмæй уа макуы ферох уа уæ райгуырæн бæстæ.
Хæдзармæ куыст. Таурæгъ зонын хи ныхæстæй дзурын.
Страницы: << < 1 | 2 | 3