Джидзалова Марина Асланбековна
учитель осетинского языка и литературы,
МБОУ СОШ 3
г. Владикавказ
Научно - методическая разработка урока
Урочы темӕ: "Ном æрмæст фæкæсынæн нæу. . . "
(Мамсыраты Дӕбейы радзырд "Хъӕндил"-мӕ гӕсгӕ).
Урочы темӕ:
"Ном æрмæст фæкæсынæн нæу. . . "
(Мамсыраты Дӕбейы радзырд "Хъӕндил"-мӕ гӕсгӕ).
Урочы нысантӕ:
1. Радзырды мидисыл ӕрдзурын.
2. Рӕзын кӕнын скъоладзаутӕм уарзондзинад фӕллой кӕнынмӕ.
3. Æрдзурын адӕймаджы ӕппӕрццӕг ӕмӕ ӕвӕрццӕг миниуджытыл. Сывӕллӕтты зӕрдӕты ӕвзӕрын кӕнын ӕнӕуынондзинад тæппуддзинадмæ, æгуыдзæгдзинадмæ. Гуырын сæм кæнын тырнындзинад нæ адæмон хъæбатырты фæзмынмæ.
4. Бакусын ныхасы рæзтыл.
Урочы фӕлгонц: ахуыргæнæн чингуытӕ, къухмӕдӕтгӕ ӕрмӕг, сывæллæтты нывтæ.
Техникон фæрæзтæ: компьютерыл презентаци.
Урочы эпиграф:
Адæймаг хъуамæ йæ фæстæ ныууадза арф æмæ рæсугъд фæд.
(Æмбисонд)
Урочы цыд.
Мотиваци
"Ном"
Ахӕм ӕгъдау уыд кӕддӕр ирӕттӕм:
Ноггуырдыл- иу ныкуы вӕрдтой ном.
Хистӕртӕ дзырдтой сӕ сывӕллӕттӕм:
"Чызг, цы фӕдӕ?! Лӕппу, мемӕ цом".
Стӕй-иу ыл куы рацыд иу- дӕс азы,
Радтой-иу ын ном ӕрмӕст гъе уӕд.
Номӕн афтӕ стыр аргъ кодтой раджы.
Уый хъахъхъӕнын уыд лӕгӕн йӕ мӕт.
Уыцы гъдауӕн раджы асаст йӕ асин.
Саби райсы авдӕнмӕ ныр ном.
Фӕлӕ афтӕ мачи зӕгъӕд мачи:
"Ном хӕссын ныртӕккӕ у ӕнцон".
Фæрстытæ:
-Зӕгъут-ма, цӕуыл фыст у ӕмдзӕвгӕ?
-Цы у йӕ хъуыды?
-Цы хъуамӕ хъахъхъӕна адӕймаг цӕргӕбонты?
-Ныры дуджы адӕймаджы ӕндӕрхуызӕн нӕ фӕхонынц?
-Куыд уӕм кӕсы, хорз лӕгӕн фӕсномыг раттиккой?
-Цавӕр ӕууӕлтӕ
Страницы: 1 | 2 | 3 > >>