Ном æрмæст фæкæсынæн нæу

Страницы: <<  <  1 | 2 | 3 | 4  >  >>

м гӕсгӕ дӕттынц фӕсномыг?

Фӕйнӕгыл:
"Хъӕндилы цард кӕны".
"Хъӕндилы лӕст кӕны".
"Мӕлдзгуыты обау-хъӕндилӕн мӕсыг".
-Цы у хъӕндил?
-Цавӕр миниуджытӕ ис хъӕндилмӕ?
-Куыд ӕмбарут ацы ӕмбисӕндтӕ?
Дзырдуатон- фразеологион куыст:

Авдӕнбӕттӕн - ирон ӕгъдау: сывӕллон- иу куы райгуырд хӕхбӕсты, уӕд ӕй бастой авдӕны. Ӕрӕмбырд - иу сты сыхы сылгоймӕгтӕ, ӕрцӕттӕ-иу ын кодтой авдӕн ӕд бӕттӕнтӕ ӕмӕ ног хуыссӕнтӕ. Цынадтой- иу сывӕллоны. Хуыцаумӕ - иу ын скуывтой ӕмӕ-иу ӕй авдӕны бабастой.
Номӕвӕрд - сывӕллоныл ном ӕвӕрыны сӕрмагонд бӕрӕгбон. Номӕвӕрӕнтӕ кодтой чызгӕн дӕр, фӕлӕ лӕппуйӕн арӕхдӕр. Иу хуыцаубоны- иу хӕдзары хицау фӕдзырдта сыхы лӕгтӕм, ном ӕвӕрӕм нӕ сывӕллоныл ӕмӕ нӕмфӕзынут, зӕгъгӕ. Ӕрӕмбырд - иу сты сыхы нӕлгоймӕгтӕ, сылгоймӕгтӕ. Хӕдзар кодта кусарт, цаттӕ- иу кодта цы хъӕуы, уыдон. Ӕрбадтысты- иу фынджы уӕлхъус нӕлгоймӕгтӕ, дыууӕ рӕгъы-иу фӕкодтой, стӕй- иу уӕд фӕдзырдтой кӕстӕрмӕ. Кӕстӕрӕн-иу бабар кодтой худ райсын ӕмӕ хӕлттӕ ӕмбырд кӕнын. Уыцы кӕстӕр-иу разылд бадты нӕлгоймӕгтыл, алчидӕр ын-иу загъта йӕ равзӕрст ном, гӕххӕттыл-иу ӕй ныффыста ӕмӕ йӕ ӕппӕрста худы хуылфы. Стӕй сӕ лӕппу иугай иста ӕмӕ сӕ хъӕрӕй каст. Мад, фыд, хӕдзары хистӕр цы ном равзӕрстой, уый- иу баззад. Нуазӕн-иу авӕрдтой номӕвӕрӕгмӕ, арфӕ- иу ын ракодтой ноггуырды цӕрӕнбоны тыххӕй. Номӕвӕрӕг алы аз дӕр сывӕллонӕн хаста хуын: хӕдойнаг, цъындатӕ, мидӕггаг дзаумӕттӕ ӕмӕ ӕнд. (Дзанайты Н. )
Хӕдзары астӕуккаг цӕджындз - афтӕ хуыдтой ирон адӕммӕ хӕдзардарӕг нӕлгоймаджы. Ирон хӕдзар аразджытӕ ӕнтыстджынӕй пайда кодтой хъайван ӕмӕ цӕджындзӕй. Уыдон уыдысты хӕдзары уӕзхӕссӕг хай, уымӕ гӕсгӕ афтӕ хуыдтой бинонты нӕлгоймаг цоты дӕр.

Рыныбардуаг- раздӕр-иу Ирыстоны арӕх чи фӕзынд ӕмӕ ахӕлиу , уыцы рынты бардуа

Страницы: <<  <  1 | 2 | 3 | 4  >  >>
Рейтинг
Оцени!
Поделись конспектом: