Æфхæрдты Хæсанæ - социалон мастисæг. Къубалты Алыксандры кадæгмæ гæсгæ

Страницы: 1 | 2 | 3  >  >>

Урочы темæ: Æфхæрдты Хæсанæ - социалон мастисæг. Къубалты Алыксандры кадæгмæ гæсгæ. Урочы нысан: равзарын кадæджы идейон мидис, хъомыладон куысты бакæнын, тугисины æгъдауыл æрдзурын. Урочы æрмаг: Къубалты Алыксандры портрет, "Æфхæрдты Хæсанæ" - мæ иллюстрацитæ, докладтæ "тугисыны æгъдауыл", интерактивон фæйнæг. Урочы цыд: 1. Организацион хай. 2. Ахуыргæнæджы разныхас. 3. Хæдзармæ æрмæг æвзарын. 4. Тугисыны æгъдауыл æрдзурын. 5. Кæронбæттæны ныхас. 6. Бæрæггæнæнтæ сæвæрын. 7. Хæдзармæ куыст. 1. Организацион хай. 2. Ахуыргæнæджы разныхас. Бафæрсын 1-2 ахуыргæнинаджы Къубалты Алыксандры цард æмæ сфæлдыстадæй. 3. Хæдзармæ куыст равзарын -- кадæг "Ӕфхæрдты Хæсанæ". Ахуыргæнаг: Базыдтам, ацы кадæг кæй у арæзт рагон æгъдау - тугисыны бындурыл. Ирон адæмы æнамонддзинæдтæн тугисыны æгъдау, æвæццæгæн, сæ карздæр уыд. Сæдæ азты дæргъы цал хæдзары, цал хæдзары, цал ирон мыггадзы скуынæг кодта фæстаг нæлгоймадзы онг ацы фæтк! Тугисыны æгъдау æнусты дæргъы адæмы зæрдæйы тынг ахъардта. Æмæ йæ ирон адæм кæд æмбæрстой тугисыны уæззау æфхæрд, уæддæр сæ бон нæма уыд уæды рæстæджы йæ аппарын. Кадæджы сюжет æмæ мидис сты адæмон сфæлдыстадæй. Зонæм æй, нæ фыдæлтæм кæй уыд диссаджы таурæгъгæнджытæ. Уыдон иу уыд, ацы кадæг чи азарыд, уый - Зыгъуытаты Бибо. Кадæджы райдианы дæр Алыксандр йе ʹ ргом Бибомæ здахы. Ахуыргæнаг зæрдывæрдæй кæсы уыцы бынат Уæдæ, куырм Бибо æдых æмæ мæгуыр уымæн у, æмæ йын фæллæйттæ нал ис. Фæлæ ма йæ хоны тыхджын æмæ хъæздыг дæр. Байхъусæм ма, куыд зæгъы автор хъæздыг Бибойы тыххæй та Ахуыргæнинаг дзуапп дæтты . . . ) Уæдæ, куыд фехъуыстам, афтæмæй, хъæздыг æмæ тыхджын та уымæй у, æмæ, йæ кадджытæм хъусгæйæ, адæм сæ цæссыгтæ тымбыл къухæй фæсæрфынц. Уæдæ, адæймаджы хъæздыгдзинад æрмæст фæллæйттæй нæ вæййы. Кадæг йæ райдианæй йæ кæронмæ цæ

Страницы: 1 | 2 | 3  >  >>
Рейтинг
Оцени!
Поделись конспектом: