Æфхæрдты Хæсанæ - социалон мастисæг. Къубалты Алыксандры кадæгмæ гæсгæ

Страницы: <<  <  1 | 2 | 3

æф кодта рæстдзинады сæрты æмæ амардта Мулдартæй ноджыдæр фондз адæймаджы. Афтæмæй йæхæдæг дæр ссис фыдгæнæг. Рæстдзинады сæрыл тохы фæцæф йæхæдæг дæр æмæ амард. Хæсæнæйы хуызæн адæмыл - иу скодтой зардзытæ. (Зарæг. Ахуыргæнæг Алыксандр йæ кадæджы равдыста ирон агъдæуттæй æндæр хуызтæ дæр. Цавæр æгъдæуттæ (уырнинæгтæ) ма равдыста Алыксандр йæ кадæджы? (Дзуапп. . . ) Ахуыргæнæг Цавæр аивадон мадзæлттæй спайда кодта фыссæг? (Эпитеттæй, хъарæджы фразеологии, æлгъыстытæ, æфхæрыны дзырдбæстытæ). (Дзуапп. . . ) 4. Тугисыны æгъдауыл æрдзурын. Ахуыргæнæг Куыд федтам, афтæмæй, тугисыны фæтк, агъдæу уыд æппæт адæмты царды дæр бæлвырд историон къæпхæнтыл. Фæлæ цард ивы, уыимæ ивынц агъдæуттæ дæр. Царды уавæртимæ ивта тугисыны æгъдау дæр. Алыксандры заманы хæлди мыггагон цардæвæрд æмæ фæзындысты паддахадон барадон оргæнтæ, ног зокъонтæ. Уыцы уавæрты туг исын ссис фæстæзад æмæ зианхæссæг æгъдау. Абарын ацы кадæг Тугъанты Б. "Ӕгъдауы амæттаг" - ы архайæг - Фацбайимæ: а) Цавæр цæстæй касти Фацбай туг исынмæ? æ) Цавæр цæстæй касти Хæсанæ туг исынмæ? Дзуаппытæ. . . ) 5. Хатдзæгтæ. 6. Бæрæггæнæнтæ сæвæрын. 7. Хæдзармæ куыст: раттын Ӕфхæрдты Хæсанæйæн цыбыр характеристикæ.




Страницы: <<  <  1 | 2 | 3
Рейтинг
Оцени!
Поделись конспектом: