Ном æрмæст фæкæсынæн нæу

Страницы: <<  <  3 | 4 | 5 | 6  >  >>

uot;Цымӕ хъӕндилы мардыл цӕмӕн афӕлурс уыдаид?)
(Зӕгъынмӕ хъавыд Хъӕндил хъӕндилы цард кӕй фӕкодта ӕмӕ йӕ мӕлӕт дӕр уыд хъӕндилау. )

Цавӕр ӕмбисӕндтӕ ӕрлӕууыд уӕ зӕрдыл урочы темæмæ гæсгæ?

Зивӕггӕнаджы гуыл хомӕй баззад. Куыст цардӕн - фӕрӕз. Магуса - ӕввонгхор. Куыстӕн йӕ сӕр сындз, йӕ бын - сой. Схъӕластӕу куыстмӕ нӕ тасы. Фӕныкгуызы ничи нымайы. Йӕ зивӕджы - йӕ мӕлӕт. Магусайӕ цард дардмӕ лидзы.


Æрдзурын радзырды композицион арæзтыл.


Къордты куыст. Алы къордӕн дӕр ис хӕслӕвӕрдтӕ.
1 къорд .
Лæвæрд дзырдтæн сæ бакомкоммæ ныффыссын сæ антонимтæ:
Магуса-кусаг
Æгад - кадджын
Тæппуд- хъæбатыр
Æвзæрдзинад - хорздзинад
Дзырдтæй иуимæ æрхъуыды кæнут хъуыдыйад.

2 къорд
Уырыссаг кæнæ фæсарæйнаг литературæйы ацы радзырдмæ хæстæг цы уацмыс ис, уый æрхъуыды кæнын æмæ йæ цыбырæй радзурын.

Синквейн

1. Хъæндил
2. Тæппуд, зивæггæнаг
3. Зивæг кæны, тæрсы, хæры
4. Тæппуддзинад æгад у.
5. Саск (уырынгон)

- Уæдæ цы у радзырд "Хъæндил"-ы темæ æмæ идейæ?


Рефлекси:
- Нæ урочы нысан цавæр уыди?
-Сæххæст æй кодтам?
- Урок уæ зæрдæмæ фæцыд? Цæмæй?
- Цавæр хатдзæгтæ скодтат уæхицæн ацы урочы?
-Йӕ цард куыд арвыста, ууыл лӕмбынӕг ӕрныхас кодтам урокӕн йӕ сӕйраг хайы. Ныр та уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнут Хъӕндил куыд амард, уый. Куыд уӕм кӕсы, автор ахӕм тӕрхон цӕмӕн рахаста радзырды сӕйраг архайӕгӕн?
Нæ урочы эпигрæф ма нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм (æрдзурын ыл)

Хӕдзармӕ куыст.
- Сывӕллӕттӕ, хӕдзармӕ мӕ фӕнды раттын уӕхи ӕвзӕрстмӕ гӕсгӕ дыууӕ хӕслӕвӕрды.
1. Радзырд "Хъæндил"-æн æндæр кæрон æрхъуыды кæнын.

2. Иу æмбисонды бындурыл ныффыссы

Страницы: <<  <  3 | 4 | 5 | 6  >  >>
Рейтинг
Оцени!
Поделись конспектом: